რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
«« მარტი 2026 »»
232425262728 1
2 3 4 5 6 7 8
9 10 11 12 13 14 15
16 17 18 19 20 21 22
23 24 25 26 27 28 29
30 31 12345
Цхинвалы рынчындоны бæстыхайы арæзтад райдыдта
Цхинвалы æввахс рæстæджыты сабиты рынчындоны ног бæстыхай байгом уыдзæнис.

Ай фæдыл дæргъвæтин статья фыссы газет «Хуссар Ирыстон».

Газеты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, рынчындон 2011 азæй райдыдтой аразын æмæ йын фæуын нæ бантыст.

«Ацы объект у уыцы бæстыхæйттæй сæ иу, кæцы азты дæргъы арæзт цыд. Бæстыхайы аразын райдыдтой 2011 азы, фирма «Леиа» та йæ æххæст кодта». – Фыссы газет.

Ныртæккæ, ацы куыстытæ æххæст кæны Цæгат Ирыстоны арæзтадон компани «Спецтепломонтаж».
Фирма «Леиа»-йы райдайгæ арæзтад, проектон документацийы нæ уæвынадмæ гæсгæйæ, ивгъуыд азы сæрды æрлæууыд æмæ финансгонд дæр нал æрцыд.

Фыццаг арæзтады рæстæджы æртæ уæладзыджы арæзт æрцыд, фæлæ дыууæ азы дæргъы бæстыхайæн йæ сæр нæ бамбæрзтой.

Абоны уавæрмæ гæсгæйæ, бæстыхай æмбæрзт у æмæ хæрз тагъд рæстæджы цы ног хай арæзт æрцыд уый дæр æмбæрзт æрцæудзæнис. Ныртæккæ дзы цæуы мидæгон куыстытæ.

Арæзтады кусы 75 адæймаджы. Уыдон сты, куыд Цæгат Ирыстонæй æрцæугæтæ, афтæ бынæттон цæрджытæ дæр.

Газет ма, ноджы дыууæ æрдæгарæзт бæстыхайы фæдыл, фыссы.

«Сæрмагондæй, æрдæгарæзт у дыууæ уæладзыгон бæстыхай, кæцы рынчындонмæ æввахс территорийыл ис. Специалистты ныхасмæ гæсгæ, бæстыхай аварион у æмæ æнæхъæнæй хъуамæ пырхгонд æрцæуа, æмæ, йæ бынаты та хъуамæ арæзт æрцæуа дыууæ уæладзыгон операцион хирургион корпус. Ног корпус иугонд æрцæудзæнис республикон рынчындонмæ. Рынчындоны зæронд бæстыхайы демонтажы фæстæ та арæзт æрцыд æртæуæладзыгон гуырæн хæдзар, уымæн æмæ уæдыккон гуырæн хæдзар нал дзуапп кæны ныры медицинон нормæтæн. Дыууæ медицинон уагдоны арæзтад дæр 2017 азы фæуыдзæнис. Инвестицион программæйы æвæрд ис медицинон аппаратурæйы балхæнын», - кæсæм газеты.

Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
Карелы муниципалитеты Земо (Уæллаг) Лететы хъæумæ фистæгæй
Карелы муниципалитеты Земо (Уæллаг) Лететы хъæумæ фистæгæй
10:34 / 30.10.2025
Хъæуы сæрмæ, цыран кæддæр суадон хъæлæбагæнгæ цыдис, уым нырдæр
ногæй
Хъæуы сæрмæ, цыран кæддæр суадон хъæлæбагæнгæ цыдис, уым нырдæр ногæй
00:29 / 03.10.2025
«Фыццаг бынат, цыранмæ уырыссаг æфсад æрбацыд, Хъалаты сых уыдис.
«Фыццаг бынат, цыранмæ уырыссаг æфсад æрбацыд, Хъалаты сых уыдис.
00:22 / 22.08.2025
,,Дыууæ архы цæуы, дыууæ иумæ
,,Дыууæ архы цæуы, дыууæ иумæ "æртахгай" нæдæр фылдæр кæны,
23:25 / 07.08.2025
Ай у Карелы районы хъæу Окросопели (Зæринхъæу)
Ай у Карелы районы хъæу Окросопели (Зæринхъæу)
14:35 / 11.07.2025
ვიდეორეპორტაჟი

ხაშურის მუნიციპალიტეტში, ტყიან ფერდობებს შორის შეყუჟულ სოფელ ლაშხევში

"ჩვენი მერი ამოვიდა ამას წინათ და გაოცებულმა იკითხა: აქ როგორ ცხოვრობთო? სასწრაფო ამოდისო?"

თემურ ლომიძე გვთავაზობს, ათასში ერთხელ ასული სტუმრებივით, ერთად ავიდეთ
რკინიგზის დეპარტამენტი ფაქტს დაკვამლიანებას უწოდებს.


საინფორმაციო პორტალი მხარდაჭერილია ევროკავშირის (EU) და კონრად ადენაუერის ფონდის (KAS) მიერ, პროექტის "იმოქმედე საქართველოსთვის" ფარგლებში. საინფორმაციო მასალების შინაარსზე სრულად პასუხისმგებელია Qartli.ge და შესაძლოა, რომ იგი არ გამოხატავდეს დონორების შეხედულებებს.

მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.