რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
«« მაისი 2025 »»
282930 1 2 3 4
5 6 7 8 9 10 11
12 13 14 15 16 17 18
19 20 21 22 23 24 25
26 27 28 29 30 31 1
Тыбылты Леонид Женевæйы бадзырдты адарддæр кæныны фарсхæцæг у
А. х. Хуссар Ирыстоны дэ-факто президент Тыбылты Леонид Женевæйы бадзырдты адарддæр кæныны æмварс у.

Ацы курдиат уый тыхон структурæйы министртимæ фембæлды рæстæджы сарæзта.

Фембæлдыл дэ-факто министртимæ иумæ а. х. Хуссар Ирыстоны минæвар Джиоты Мурæт дæр хайад иста Женевæйы цыппар фарсон фембæлдтыл.

Дэ-факто президент Джиоты Мурæтæн уæлдай сæрмагонд бузныг загъта æмæ фæнысан кодта, цæмæй дипломатты сгуыхтдзинад у уый, æмæ Тбилисы ахæстæттæй ахæстыты кæй ссæрибар кодтой.

Фембæлды биноныгдзинæдты фæдыл ирон агентад «Осинформ» фыссы.

Тыбылты Леонид дэ-факто æнæниздзинад хъахъхъæныны министрæн бахæс кодта, цæмæй раздæры ахæстыты æнæниздзинадмæ сæ хъус æрдарой æмæ сын хъæугæйы цауы реабилитацийы курс уагъд æрцæуа.

«Махæн ахсджиаг фарст у уыцы æмбæстæгты хъысмæт дæр, кæцытæ æбæрæг сæфт фæкодтой. Мах адарддæр кæндзыстæм уыцы адæймæгты тыххæй информацийы ссарын, кæцытæ мах информацимæ гæсгæ Гуырдзыстоны территорийыл уæвынц». – Загъта Тыбылты Леонид.

Джиоты Мурæт фæнысан кодта, цæмæй 22-23-æм мартъийы Женевæйы бадзырдты радон раундыл а. х. Хуссар Ирыстоны ахаст ацы фарсты фæдыл ноджы иу хатт кæй зæгъдзæнис.

Мурæт ма фæнысан кодта уый дæр, цæмæй Женевæйы æнæмæнгæй æрывæрдзæни культурон бындуры цыртдзæвæнты фарсты дæр, кæцытæ Гуырдзыстоны контролгонд территорийыл сты.

Тыхон структурæты минæвæрттæ ивгъуыд къуырийы криминалон уавæрмæ æркастысты.

Хъусдард йæхимæ аздæхта иу ахæсты фæзианы факт, кæцы æмбæлон структурæты минæвæртты æнæ хъусдардмæ гæсгæ фæмард. Ацы факты фæдыл фæдæвзарæн куыст уагъд цæуы.

Бæрæггонд цæуы, цæмæй Цинвалы уынгтыл æмæ уырдæм æввахс бынæтты аваритæ сарæх сты. Уый аххосагыл нымад цæуы нозтджынæй кæй скъæрынц машинæты.

Дэ-факто президент а. х. Мидхъуыддæгты министрады минæварæн Лавойты Ахсарæн бахæс кодта, цæмæй июлы мæймæ æгас территорийыл видекамерæты монтажгонд фæуой.

Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
"Æз мæхæдæг Алцъхъаройаг дæн. Мæ фыд æмæ мæ фыдыфыд уырдыгæй
00:57 / 10.02.2025
Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы
хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.
Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.
18:46 / 28.12.2024
Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат
æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.
Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.
18:30 / 29.11.2024
Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ
Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ
00:35 / 23.11.2024
12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
22:31 / 22.11.2024
ვიდეორეპორტაჟი
რკინიგზის დეპარტამენტი ფაქტს დაკვამლიანებას უწოდებს.
ოთხი წელია, რაც სოფელში ჩამოვედი. დედაჩემი იყო ავად, უკვე 92 წლის ასაკს იყო მიღწეული.
"სოფელში არაფერია. აქ არავინ არის. მხოლოდ ერთი ბიჭი, მაგისი დედა და მე ვართ.
"ორმა ოჯახმა შევინახეთ ეს სოფელი… კვამლი რომ ამოდის ოჯახიდან, მიხარია,


საინფორმაციო პორტალი მხარდაჭერილია ევროკავშირის (EU) და კონრად ადენაუერის ფონდის (KAS) მიერ, პროექტის "იმოქმედე საქართველოსთვის" ფარგლებში. საინფორმაციო მასალების შინაარსზე სრულად პასუხისმგებელია Qartli.ge და შესაძლოა, რომ იგი არ გამოხატავდეს დონორების შეხედულებებს.

მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.