რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
«« მარტი 2026 »»
232425262728 1
2 3 4 5 6 7 8
9 10 11 12 13 14 15
16 17 18 19 20 21 22
23 24 25 26 27 28 29
30 31 12345
Гуры административон уагдоны Окруашвилийæн бынат нæ дæттынц
Гуры административон уагдоны сæрдары æххуысгæнæг Омадзе Натия зæгъы, цæмæй ног сæрдары домынадмæ гæсгæ йæ бынат хъуамæ ныууадза.

Ай фæдыл абоны брифингыл загъта Омадзе Натия.

Уый ныхасмæ гæсгæ, фæстаг иу къуырийы мидæг сæрдар Метревели Илья уымæй домы цæмæй курдиат ныффыса куыстæй ацæуыны тыххæй, фæлæ Натия нæ фæнд кæны йæхи курдиаты бындурыл ныууадза йæ куыст.

«Мæн конкурсы хайад райсыны фæстæ баурæдтой ацы бынаты, рацыдтæн алы процедурæ дæр, цыдæриддæр аттестацион процедурæтæн бахъуыд.
Гаранти мын уыд, цæмæй мæ исчи æнæ бындурæй куыстæй ацæуын не ‘рдомтаид. Æз мæхи фæндонæй куыстæй ацæуынмæ нæ хъавын. Кæд уый иу гоймагон бардзырдæй æрцæудзæн, уæд æз рæстдзинадон фæрæзтæй спайда кæндзынæн», - зæгъы Омадзе Натия.

Куыд зындгонд цæуы, афтæмæй Административон уагдоны ныртæккæйы сæрдары Метревели Ильяйы æххуысгæнæгы бынатмæ Окруашвили Ираклийы снысан кæнын фæнды. Метревели Илья «Гуырдзиаг партийы» бæрнон лæг у æмæ йæ 2016 азы 4-æм мартъийы административон уагдоны рабадтыл сæвзæрстой.

Метревели Ильяйы сæвзæрсты фæдыл дыууæмæйон хъæлæбаджын процедурæтæ цыд, цæуыл Шида Картлийы информацион центр æххæстæй фыста.
Омадзе Натияйы куыстæй ссæрибар кæныны фактыл административон уагдоны раздæры сæрдар Коберидзе Пъапъуна дзуапп кæны. Уый ныхасмæ гæсгæ, уый, кæцы абон Гуры административон уагдоны цæуы , стыр худинаг у.
«Ацы хъуыддаг афтæ нæ аивгъуыйдзæн», - загъта нын Коберидзе Пъапъуна.
«Коберидзе Пъапъуна не ‘руаддзæн уыцы факты, цæмæй Гуры административон уагдоны процесстæ рæстдзинадон фæлгæттæй рахизой». – Зæгъы Коберидзе Пъапъуна.

Горæты административон уагдонмæ абон Окруашвили Иракли дæр æрбацыди.

Уый Метревели Ильяйы кабинеты юрист Балахашвили Вано æмæ аппараты хистæр Насхъидашвили Зазаимæ фембæлд. Цы консултацитæ раттой Окруашвилийæн, фембæлдæй рахизгæ Балахашвили æмæ Насхъидашвили ницы загътой.

Окруашвили Иракли журналисттимæ ныхасы рæстæджы загъта, цæмæй уымæй хуыздæр æххуысгæнæг Метревели Ильяйæн нæ уыдзæнис.

Фæлæ кæй зæгъын æй хъæуы, уый Ильяйæн йæхи скъуыддзаг кæнинаг у.
Метревели Илья 2012 азы æвзæрстыты агъоммæ политикон фæды зылдыл ныхас кодта. Политикон нысанæй Гуры æртыккаг астæуккаг скъолайæ йæ мады ссæрибар кæныныл хъаст кодта.

Ныртæккæ та, тæрхондон уый ‘рдыгæй ссæрибаргонд æмкусджыты хъуыддæгтæм æркæсдзæн.

Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
Карелы муниципалитеты Земо (Уæллаг) Лететы хъæумæ фистæгæй
Карелы муниципалитеты Земо (Уæллаг) Лететы хъæумæ фистæгæй
10:34 / 30.10.2025
Хъæуы сæрмæ, цыран кæддæр суадон хъæлæбагæнгæ цыдис, уым нырдæр
ногæй
Хъæуы сæрмæ, цыран кæддæр суадон хъæлæбагæнгæ цыдис, уым нырдæр ногæй
00:29 / 03.10.2025
«Фыццаг бынат, цыранмæ уырыссаг æфсад æрбацыд, Хъалаты сых уыдис.
«Фыццаг бынат, цыранмæ уырыссаг æфсад æрбацыд, Хъалаты сых уыдис.
00:22 / 22.08.2025
,,Дыууæ архы цæуы, дыууæ иумæ
,,Дыууæ архы цæуы, дыууæ иумæ "æртахгай" нæдæр фылдæр кæны,
23:25 / 07.08.2025
Ай у Карелы районы хъæу Окросопели (Зæринхъæу)
Ай у Карелы районы хъæу Окросопели (Зæринхъæу)
14:35 / 11.07.2025
ვიდეორეპორტაჟი

ხაშურის მუნიციპალიტეტში, ტყიან ფერდობებს შორის შეყუჟულ სოფელ ლაშხევში

"ჩვენი მერი ამოვიდა ამას წინათ და გაოცებულმა იკითხა: აქ როგორ ცხოვრობთო? სასწრაფო ამოდისო?"

თემურ ლომიძე გვთავაზობს, ათასში ერთხელ ასული სტუმრებივით, ერთად ავიდეთ
რკინიგზის დეპარტამენტი ფაქტს დაკვამლიანებას უწოდებს.


საინფორმაციო პორტალი მხარდაჭერილია ევროკავშირის (EU) და კონრად ადენაუერის ფონდის (KAS) მიერ, პროექტის "იმოქმედე საქართველოსთვის" ფარგლებში. საინფორმაციო მასალების შინაარსზე სრულად პასუხისმგებელია Qartli.ge და შესაძლოა, რომ იგი არ გამოხატავდეს დონორების შეხედულებებს.

მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.