რედაქტორის რჩევით
Шида Картлийы дыргъ бæлæсты дыргъдæтты арæзты процесс цæуы
Хъæууон хæдзарады проектты разамонæг агентады программæйы «фидæны скæн» менеджер Долидзе Леван æмæ Шида Картлийы губернаторы хæстæ æххæстгæнæг Окромелидзе Сосо Зерты хъæуы Тъиелидзе Лейлайы дыргъдоны арæзты процессы бабæрæг кодтой.
Ай фæдыл Шида Картлийы информацион центрæн хъæууон хæдзарады министрады пресс-службæйæ фехъусын кодтой.
Тъиелидзе Лейла программæйы 2015 азæй хайад исы, уый 7 гектарæй фылдæр фæкъуыйы дыргъдоны скæнынæн æмæ донхорыг систæмæйы саразынæн 70, 000. 00 ларийæ æрцыд финансгонд паддзахады ‘рдыгæй.
Райсгæ финансгондæй 65,115.00 лари бæласы талатæн у, æмæ 4,885.00 лари та, æртæхтæгæнæн системæтæн у æмбæлгæ.
Æдæппæт Шида Картлийы регионы 430 гектары хуымзæххыл ног дыргъ бæлæсты дыргъдæттæ арæзт æрцыд. 84 бенефициары хъæууон хæдзарады проектты разамонæг агентады программæйы «фидæны скæн» фæлгæтты финансгонд æрцыд, 2,881,000.00 ларийы.
Министрады пресс-службæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæйæ, Гуры, Карелы, Къаспы æмæ Хашуры регионты 430 гек. хуымзæххыл азы фæудмæ фæткъуы, чылауи, атъами, бал æмæ нуши сагъд æрцæудзæн.
Ардыгæй, 16 бенефициары ныридæгæн дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты 74 гек. хуымзæххыл дыргъ бæлæсты дыргъдæттæ скодтой.
Ног дыргъбæлæсты дыргъдæтты скæныны æмæ донхорыг системæйы саразынæн æнæхъæн Гуырдзыстоны масштабæй, ныссадзинаг зæххы фадыг у абоны бæрæггæнæнтæм гæсгæ 1292 гектары, фæлæ финансгæнæны гуырахст та 6, 4 милуанæй фылдæр у.
Хъæууон хæдзарады министрады инициативæйæ, хъæууон хæдзарады проектты разамонæг агентады программæйы «фидæны скæн» æххæст цæуы 2015 азæй. Йæ нысан у Гуырдзыстоны алы муниципалитеты дæр (Тбилисы, Рустауы, Батумы, Кутаисы æмæ Поты йеддæмæ) хъæууон – хæдзарадон зæххыты нысанмæ гæсгæйæ спайда кæнынæн максималон æгъдауæй баххуыс кæнын, бирæазон дыргъдæтты скæнын æмæ садзæн талаты хæдзарады саразын.
Проекты «фидæны скæн» сæххæст кæнынæн 2016 азы дæргъы 5 милуан ларийы бахардз уыдзæн. Программæйы фæлгæтты спълангонд ис 1 000 – 1 200 гектарыл нырыккон типы дыргъдоны æмæ 30-40 ног, нырыккон садзæн талайы хæдзарады саразын, кæцы къух ратдзæн, иуæрдыгæй, бынæттон базарыл импорты фæивын, æмæ, иннæрдыгæй та, экспортон потенциалы рæзыны процессæн.
Хъæууон хæдзарады проектты разамонæг агентад 2013 азæй æххæст кæны масштабон проекттæ, кæцытæ нымад сты дæргъвæтин рæзынадыл æмæ йæ нысан у ахæм уавæры скæнын, кæцы къух ратдзæн хъæууон хæдзарады конкурентон хъомады сбæрзонд кæнынæн, бæрзондгъæдджын продукцийы уадзыны стабилон рæзынадæн, хæлцады æдасдзинады сифтонг кæнынæн.
ამავე კატეგორიაში

"Æз мæхæдæг Алцъхъаройаг дæн. Мæ фыд æмæ мæ фыдыфыд уырдыгæй

Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы
хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.

Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат
æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.

Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ

12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
ვიდეორეპორტაჟი
რკინიგზის დეპარტამენტი ფაქტს დაკვამლიანებას უწოდებს.
ოთხი წელია, რაც სოფელში ჩამოვედი. დედაჩემი იყო ავად, უკვე 92 წლის
ასაკს იყო მიღწეული.
"ორმა ოჯახმა შევინახეთ ეს სოფელი… კვამლი რომ ამოდის ოჯახიდან,
მიხარია,
გასული თვის პოპულარული სიახლეები
საინფორმაციო პორტალი მხარდაჭერილია ევროკავშირის (EU) და კონრად ადენაუერის ფონდის (KAS) მიერ, პროექტის "იმოქმედე საქართველოსთვის" ფარგლებში. საინფორმაციო მასალების შინაარსზე სრულად პასუხისმგებელია Qartli.ge და შესაძლოა, რომ იგი არ გამოხატავდეს დონორების შეხედულებებს.

მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.


ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.
სტატიის გამოყენების პირობები