რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
«« მაისი 2025 »»
282930 1 2 3 4
5 6 7 8 9 10 11
12 13 14 15 16 17 18
19 20 21 22 23 24 25
26 27 28 29 30 31 1
Ног хабæрттæ
Гуырдзыстоны æппæтон карантин расидтысты
31-æм мартъийæ Гуырдзыстоны æппæтон карантин расидтысты. Изæры 21 сахатæй райсом 6 сахатмæ, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн хæдзарæй æддæмæ рацæуын тобæгонд у. Ай тыххæй сæрмагонд брифингыл премьер-министр Гахариа Гиорги 30-æм мартъийы фехъусын кодта.

Комендантон сахаты периоды гоймæгты дыууæрдæм цыд контролы сæххæст кæныны нысанæй арæзт æрцыд контролон пункттæ æндæр æмæ æндæр горæтты, уыдон æхсæн, Гуры дæр.

Премьер-министры, Гахариа Гиоргийы хъусинагмæ гæсгæ, коронавирусæй инфицирты динамикæ катайаг у.

«Абон нæм ис 3 цау, кæцыйы равзæрæны никуыд бæлвырд кæнæм. Хъыгагæн, аимæ иумæ ма нын ис ахæм цау, æмæ медицинон сферæйы кусæг у инфициргонд. Куыд зыны афтæмæй, бирæ æмбæстагæн нæу æмбæрстгонд уæвæг рисктæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах нæ партнер бæстæтæн мæсæллæй кæнæм. Нырма мах контроль кæнæм ситуацийы æмæ нырма æвдисæг тынг катайаг нæу æндæр бæстæтимæ абаргæйæ», - загъта Гахариа.

Карантин деталонæй нысан кæны:

• Æххæстæй тобæгонд цæуы цахæмфæнды типы æхсæнадон транспортæй (се ‘хсæн метройæ) змæлын, куыд горæтты æмæ муниципалитетты мидæгæй, афтæ - горæтты ‘хсæн.
• Уагъд уыдзæн æрмæстдæр рог хæдтулгæтыл (уыдон æхсæн такситыл) цæуын, æрмæстдæр уыцы цауы, кæд æххæстгонд уыдзæн æнæниздзинад хъахъхъæды министрады рекомендаци æмæ автомобилы уыдзæн æрмæст 3 адæймаг, уыдон æхсæн, æрмæстдæр уыцы цауы, кæд дыууæ адæймаг баддзæн фæстаг бадæныл. Уый у иттæг нысаниуæгджын рекомендаци, кæцыйы æнæсæххæсты цауы, æмбæлон паддзахадон органтæ райсдзысты аккаг уынаффæтæ.
• Афтæма, бæлццæтты ласыны бар уыдзæн æрмæстдæр стратегион нысаниуæджы объектты æмкусджыты организацигондæй æмæ æдасæй ласыны нысанæн.
• Тобæгонд цæуы 3-йæ фылдæр адæймаджы æмбырд, хæлцадон продуктты магазин-тæй æмæ афтектæй дарддæр, цыран æнæмæнгхъæугæ у, дыууæ метры социалон дистанийы уаг æххæст кæнын.
• Афтæма, хицауады барлæвæрдæй амалиуæгадты куысты фæтк хицæнæй уыдзæн фыст æмæ сын уыдзæн хицæн протоколтæ, æнæниздзинад хъахъхъæды министрадимæ бадзырдæй. Мах ай аразæм уый тыххæй, цæмæй экономикæ адарддæр кæна кусын æмæ уыцы потенциалы, кæцы ис Гуырдзыстоны экономикæйæн, бынтон урæд ма рцæуа, уый тыххæй. Афтæ-ма, кæй зæгъын æй хъæуы, уый тыххæй, цæмæй не ‘мбæстæгтæ максималонæй бахъахъхъæной сæ куысты бынæттæ.
• Фæтобæ уыдзæн 70 азæй хистæрдæр æмбæстæгтæн дуармæ рацæуын уыцы цаутæй дарддæр, кæд уыдон фæцæуынц æввахсдæр продуктон дуканитæм, хæстæг афтектæм кæнæ медицинон уагдонмæ.
• Уыцы цауы, кæд æмæ 70 азæй хистæрдæр æмбæстæгтæ, иунæг сты, уæд æнæниздзинад хъахъхъæды æмæ экономикæйы министрадтæ, афтæ-ма, бынæттон муниципалитеттæ, хæсджын сты ахæм æмбæстæгтæн баххуыс кæной.
• Сегасæй нысаниуæгджын – сæрмагонд уавæры æмгъуыдæй хъуыстгонд цæуы фактонæй æххæст карантин. 21:00 сахатæй тобæгонд цæуы куыд фистæгæй, афтæ – транспортон фæрæзтæй горæтты мидæг æмæ бæстæйы масштабæй змæлд, райсомы 06:00 сахатмæ. Ноджы иу хатт банысан кæндзынæн æмæ фактонæй ай кæй нысан кæны бæстæйы масштабæй, 21:00 сахатæй райсомы 06:00 сахатмæ, хъуыстгонд цæуы а.х. коменданты сахат.
Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
"Æз мæхæдæг Алцъхъаройаг дæн. Мæ фыд æмæ мæ фыдыфыд уырдыгæй
00:57 / 10.02.2025
Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы
хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.
Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.
18:46 / 28.12.2024
Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат
æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.
Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.
18:30 / 29.11.2024
Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ
Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ
00:35 / 23.11.2024
12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
22:31 / 22.11.2024
ვიდეორეპორტაჟი
რკინიგზის დეპარტამენტი ფაქტს დაკვამლიანებას უწოდებს.
ოთხი წელია, რაც სოფელში ჩამოვედი. დედაჩემი იყო ავად, უკვე 92 წლის ასაკს იყო მიღწეული.
"სოფელში არაფერია. აქ არავინ არის. მხოლოდ ერთი ბიჭი, მაგისი დედა და მე ვართ.
"ორმა ოჯახმა შევინახეთ ეს სოფელი… კვამლი რომ ამოდის ოჯახიდან, მიხარია,


საინფორმაციო პორტალი მხარდაჭერილია ევროკავშირის (EU) და კონრად ადენაუერის ფონდის (KAS) მიერ, პროექტის "იმოქმედე საქართველოსთვის" ფარგლებში. საინფორმაციო მასალების შინაარსზე სრულად პასუხისმგებელია Qartli.ge და შესაძლოა, რომ იგი არ გამოხატავდეს დონორების შეხედულებებს.

მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.