რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
«« დეკემბერი 2025 »»
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 31 1234
Ног хабæрттæ
Гаглуантубанийы хъæу – æрвадæлтæ 3 æфсымæры бинонты скондæй
Никъа, хæдзары кæрты, портийæ иунæгæй хъазы, нæ зоны, скъоламæ, кæцы 10 км-ы дæрддзæф у æмæ ис Бошурайы хъæуы, кæд ацæудзæнис. Къласы мидæг уымæн 3 æмкъласон ис. Уыдонæй алчидæр æндæр æмæ æндæр хъæуты цæры.
Зæгъы, цæмæй сæм ацы азы ноджы дыууæ ахуырдзауы хъуамæ æрбацæуа, фæлæ, коронавирусы эпидемийы тыххæй, ахуыр урæд у. Цас рæстæгмæ адаргъ уыдзæн а.х. улæфтытæ, ничи йæ зоны.

Никъайæн ма уый баззад, хæдзарæй, йæ дада æмæ нанайы хæдзары онг, дæрддзæгмæ боны мидæг 7-хатты азгъора. Йе ‘ккой фæйнæгæй арæзт хъазæн топп афтæмæй, фæндагыл хъæддаг сырдыл «фæуæлахизæн».

Гаглойты Левайы артдзæст 

Хъæу Гаглоантубани (Гаглуантубани) Гурæй 38 км-ы дæрддзæгыл, цæугæдон Тъанайы комы ис. Æппæты æввахсдæр стыр хъæу Бошура у, фæлæ йæ алфæмблайы Хъвелантубани æмæ Лвитана æмарæн кæнынц. Æппæтæй ацæргæдæр Гаглойты (Гаглошвили) Левайыл 80 азы æххæст кæны.

Зæгъы, цæмæй сæрдæй-зымæгæй бынæттон цæрджытæ æрмæст æртæйæ сты, уыдон дæр æрвадæлтæ сты æртæ фсымæры бинонты скондæй.

«Ам ноджы фылдæрæй цæрынц. Ноджы фылдæр уыдаиккой, фыдыбæстæйон хæсты куы нæ бабын уыдаиккой» - зæгъы 80-аздзыд Гаглойты Лева.

Хъæуæй бирæ æвзонг фæсивæд ацыд дыккаг дунеон хæстмæ, цыранæй сæ иу дæр нал æрыздæхт. Уыдонæн баззад хæрзæнахъом хъæбултæ. Уыдонæй сæ иу уыд Гаглойты Лева. Ууыл цыд иу афæдз, хæст куы райдыдта æмæ йын йæ фыдмæ хæстмæ куы ‘рсидтысты:

«Нæ мад нæ сидзæрæй схъомыл кодта. Хъомыл кодтам фæллой æмæ фыдæбонгæнгæ. Бирæ фæцардис мæ мад. Нырма хæрзæрæджы фæзиан. Ацы хъæуы цардис мæ фыд дæр, мæ дада дæр. 90-æм азты змæстытæ куы райдыдта, бирæтæ ацыдис ардыгæй, фæлæ æз ничердæм ацыдтæн. Цыдæриддæр нæ куыстæй æмæ фыдæбонæй æртымбыл кодтам, уыцы ‘хцайæн коммунистты ныппырхы фæстæ ницыуал аргъ уыд. Сæйраг уый уыд æмæ удæгасæй аирвæзтыстæм, æхцайыл ма чи дзуры», - зæгъы Гаглойты Лева.

Æхцайы фесæфт нысан кæны уыцы факт, цæмæй Гуырдзыстоны хæдбарады расидыны фæстæ, æмбæстæгтæн банктæм æхца бахæссын кодтой æвæрды хуызы. Дæсгай мин адæймаг Советон периоды цы хца фæтымбыл кодта, уый æвæрды хуызы банкты нывæрдтой. Фæлæ сын, ацы хцаты уый фæстæ ничиуал раздæхта.

Ахæм зианбаййафджыты нымæцы бахауд нæ респондент дæр, кæцы дзуры, цæмæй æгас цæрæнбоны фыдæбон æмæ æхца тымбыл кæнгæйæ арвыста. Уый тыххæй, цæмæй йæ хъæбултæн хуыздæр фидæн уыдаид.

Дард цæрæг хъæбултæ


Левайы бинойнаг у Махъишвили Ано, уый Гаглоантубанимæ 50 азы размæ смой кодта. Уымæн йæ хъæу Борджомы районы нал ис. Йæ мады зæнæг Цæгат Ирыстонмæ алыгъдысты æмæ уым цæрынц.

Цæгат Ирыстонмæ ацыдысты Лева æмæ Анойы дыууæ хъæбулы дæр. Иу дзы бинонты хицау дæр баци.

«Дыууæ чызг дæр уырдæм ацыдысты, Владикавказмæ. Мах баззадыстæм ам иннæ хъæбултимæ иумæ. Мæ мадызæнæджы тыххæй ницыуал дзурын. Знон ме ‘фсымæры хъæбулы баныгæдтой, фæлæ мæ бон не сси ацæуын», - зæгъы Махъишвили Ано.

Рухс – фыццаг циндзинад

Ивгъуыд æнусы 90-æм азты конфликты фæстæ, хъæуы рухс 23 азы дæргъы нæ уыдис. Æрмæст 2013 азы ссыгъд рухс. Рухсы ахицæны аххосаг транспорты нæ уæвынад уыди. Хъæуы хистæры ныхасмæ гæсгæ, трансформатор, кæцы 23 азы размæ фехæлд æмæ фæстагмæ афæлдæхт, ничиуал дæр æй раивта. Амæ ма ноджы бафтыд телты адавд дæр. Программæйы «Рухс хæххон хъæутæн» Гаглоантубани дæр бахауд. Ай фæдыл репортаж 6 азы размæ бацæттæ кодтам.

Ацы этапыл хъæуы сæйраг проблема муниципалитеты центрмæ æнгом контакт у: «сæйрагæйдæр, фос дарæм. Нæ пайда раст уый у, æмæ кæнæ фос ауæй кæндзынæ, кæнæ æхсыры прдуктты», - зæгъы Маргъишвили Лаура, Гаглойты Левайы чындз. Ахуырмæ та цы хауы, уымæй, сабиты хъæуæй транспорт акæны æмæ сæ фæстæмæ æрбакæны.

Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
Карелы муниципалитеты Земо (Уæллаг) Лететы хъæумæ фистæгæй
Карелы муниципалитеты Земо (Уæллаг) Лететы хъæумæ фистæгæй
10:34 / 30.10.2025
Хъæуы сæрмæ, цыран кæддæр суадон хъæлæбагæнгæ цыдис, уым нырдæр
ногæй
Хъæуы сæрмæ, цыран кæддæр суадон хъæлæбагæнгæ цыдис, уым нырдæр ногæй
00:29 / 03.10.2025
«Фыццаг бынат, цыранмæ уырыссаг æфсад æрбацыд, Хъалаты сых уыдис.
«Фыццаг бынат, цыранмæ уырыссаг æфсад æрбацыд, Хъалаты сых уыдис.
00:22 / 22.08.2025
,,Дыууæ архы цæуы, дыууæ иумæ
,,Дыууæ архы цæуы, дыууæ иумæ "æртахгай" нæдæр фылдæр кæны,
23:25 / 07.08.2025
Ай у Карелы районы хъæу Окросопели (Зæринхъæу)
Ай у Карелы районы хъæу Окросопели (Зæринхъæу)
14:35 / 11.07.2025
ვიდეორეპორტაჟი

ხაშურის მუნიციპალიტეტში, ტყიან ფერდობებს შორის შეყუჟულ სოფელ ლაშხევში

"ჩვენი მერი ამოვიდა ამას წინათ და გაოცებულმა იკითხა: აქ როგორ ცხოვრობთო? სასწრაფო ამოდისო?"

თემურ ლომიძე გვთავაზობს, ათასში ერთხელ ასული სტუმრებივით, ერთად ავიდეთ
რკინიგზის დეპარტამენტი ფაქტს დაკვამლიანებას უწოდებს.


საინფორმაციო პორტალი მხარდაჭერილია ევროკავშირის (EU) და კონრად ადენაუერის ფონდის (KAS) მიერ, პროექტის "იმოქმედე საქართველოსთვის" ფარგლებში. საინფორმაციო მასალების შინაარსზე სრულად პასუხისმგებელია Qartli.ge და შესაძლოა, რომ იგი არ გამოხატავდეს დონორების შეხედულებებს.

მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.