რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
«« აპრილი 2024 »»
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Дзюдойы клуб хъæуы пандемийы рæстæджы
Знон изæры къæвда æруарыди, æмæ абон уый тыххæй чысыл дзюдоисттæ а.х. Цискъарайы комы цъыф кæй уыдис уый тыххæй сын тренировкæ нæ уыдис. Ацы азы, августы мæйы арæх кæй къæвдатæ кæны, уымæ гæсгæйæ, сæ бахъуыдис локаци фæивын.

Тренировкæ райсом 7 сахатыл райдайынц. Квахурелæй Уплисцихейы онг дистанцийæ фæдугъ кæнынц, уый фæстæ та, Къвернакъы рагъыл дугъ кæнынæй ерыстæ уадзынц. 8 сахатыл хохæй цъалайырдæм æрдугъ кæнынц æмæ ресторан «Къакъалиты» кæрты æрымбырд вæййынц.

Цы хабар уын дзурын уый, Квахурелы дзюдойы клубмæ хауы. Ацы спортклуб Гуры муниципалитеты Квахурелы хъæуы ис арæзт. Тренертæ сты Татришвили Къаха æмæ Мируашвили Къаха.

Пандемийы периоды, хъæбысæй хёцён спортзалы сыхгæдтой. Дзюдойы клубы уæнгтæ тренировкæ кæнынæн гом тыгъдадмæ ахызтысты.

«Райсомæй алыхатт дæр Уплисцихемæ дугъ кæнæм. Ай уæды онг дæр арæзтам, фæлæ спортзал куы сæхгæдтой, уæд гом тыгъдады райдыдтам æндæр æмæ æндæр теренировкæтæ, кæцы спортсменæн æнæнæмæнгхъæугæ у. Ардæм æрбахæссæм киманоты æмæ куыд нæ бон у, афтæ нæхи фæлтæрæм», - зæгъы тренер Татришвили Къаха.



Уый Квахурелы дзюдойы клубы бындурæвæрæг у. Йæ райдайыны йын баххуыс кодта йе мхъæуккаг Мируашвили Къаха, кæцы хъæуы территорион органойы специалистæй кусы.

«Цалынмæ хъæуы спортклубы сарæзтаиккой, уæдмæ Гуры, Тенадзеты спортзалы куыстон, уым дæр тренерæй. Куы уыдтам, æмæ дзюдомæ бирæ сабитæ цыдис Квахурелæй, уæд аскъуыддзаг кодтам, цæмæй хъæуæн йæхи мидæг бакодтаиккам спортклубы. Рахицæнгонд æрцыди финанстæ, мызд дæр снысан кодтой æмæ афтæ райдыдтон ацы хъуыддаг аразын хъæуы», - радзырдта нын Татришвили Къаха.

10 азы хъæуы спортклубы æрмæст 10 сабийы тренировкæ кодта. Азты дæргъы хайадисджыты нымæц сфылдæр ис. Ныртæккæ, Квахурелы дзюдойы клубы 40 сабийы тренировкæ кæны.

«Сæрæй ацы бæстыхаймæ куы æрбацыдтæн, уæд æрмæст 10 сабийы цыдис. Хатæны рудзгуытæн æвгтæ дæр нæ уыдис. Тæнæг фæйнæджытæй сæ сæхгæдтам, цæмæй дымгæ æмæ къæвда мидæмæ ма цыдаид. Рæстæг рацыди æмæ уавæр фæивта. Ныр ифтонг у, зæгъæн ис æмæ алцæмæй дæр. Газ дæр дзы ис монтажгонд, æнхъæлмæ кæсæм абоненты регистрацимæ æмæ нын зымæджы уыдзæнис газ дæр», - зæгъы спортклубы разамонæг.

Татришвили Къаха дæр æмæ Мируашвили Къаха дæр квахурелæгтæ сты.




Садагъашвили Дато уыцы фæсивæдæй у сæ иу, кæцы азты дæргъы Гуры муниципалитеты Квахурелы хъæуы дзюдойы клубы уæнг у. Уый абон 13-аздзыд у, фæлæ дзюдомæ та 9 азы цæуы. Фыццаг уæлахизы 23 кг уæзимæ категорийы ауагъд ерыстыл райста, цыран фыццаг бынат бацахста.
Йæ бæллицц у, цæмæй Гуырдзыстоны æмбырдонмæ бахауа. Уырны йæ, цæмæй иузæрдион куысты фæстæ, йæ бæллицц æнæмæнгæй сæххæст уыдзæнис.

Датойæн æппæтæй тæлмæнджын хабар, ацы аз, олимпиадæйы Бекаури Лашæйы уæлахиздзинад у. Афтæ-ма уый хорз хъуыды кæны, цалдæр азы размæ, Шавдатуашвили Лашайы уæлахиздзинад олимпиадæйы. Датойæн дыууæ чемпионы дæр æппæлинаг гоймæгтæ сты æмæ тырны, уыдон фæндагыл ацæуын.

«Дзюдо мæнæн зоныс цы нысан кæны? Ацы рæстæджы гæнæн ис ахæм фердæхт саразай, æмæ...» - ацы рæстæджы Дато чысыл паузæ ракуырдта æмæ бацархайдта йæ зæгъинаг афтæ ралæвæрдтаид, цæмæй дырысæй бамбæрстаиккам йæ ахаст дзюдомæ:

«Цыбыр дзырдæй, тынг бирæгъуызон у дзюдо æмæ йæ тынг уарзын», - зæгъы Дато.



Хъæуы мах уæвды рæстæджы, спортклубы тренировкæ кодта 10 аздзыд Гулиашвили Мариам, кæцы 8 азы карæй хъæбысæй хæцы. Уый Квахурелы уазæгуаты уыдис йæ фыды хомæ æмæ йæ фыды хойы хъæбултæм. Цæры Телауы.

«Æз хъæбысæй хæцын 8 азы карæй байдыдтон, ис мын 3 тас æмæ 16 медалы. Сæрæй мын мæ фыд загъта, цæмæй бацыдаин хъæбысæй хæстмæ. Квахурелмæ куы æрцыдтæн, уæд æй зыдтон, мæ фыдыхойы хъæбул Лукъа ацы спортклубмæ кæй цыдис тренировкæтæм. Æз дæр бацыдтæн клубмæ æмæ цалынмæ хъæуы уæвын уæдмæ уыдонимæ иумæ тренировкæ кæндзынæн», - загъта нын Мариам.

9 сахатмæ æввахс уыди чысыл дзюдоисттæ сæхи хæдзармæ цæуынмæ куы срæвдз кодтой. Спортзалмæ дзæвгар рæстæджы дæргъы нал æрбаздæхдзысты, уымæн æмæ бæстæйы корона-пандемийы цыппæрæм уылæн агрессивон у. Æрвылбон Гуры муниципалитеты ковиды ног цаутæ 250-йæ 300-мæ хизы.

Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
19:09 / 21.01.2024
Ацы хæхты цур фæуд кæны Гуры муниципалитеты территори æмæ райдайы
Цъалкъайы муниципалитет.
Ацы хæхты цур фæуд кæны Гуры муниципалитеты территори æмæ райдайы Цъалкъайы муниципалитет.
23:20 / 12.01.2024
Хæбæлаты Тамар Хъуариджыны хъæуы райгуырдис æмæ схъомыл ис.
Хæбæлаты Тамар Хъуариджыны хъæуы райгуырдис æмæ схъомыл ис.
23:42 / 18.12.2023
"Алыхатт дæр иу афтæ дзырдтой, цæмæй Гиоргобайы къæвда æруадзæн.
21:16 / 28.11.2023
ვიდეორეპორტაჟი
,,აქ ჩემი ცხოვრება როგორია? ახალ წელს ავადმყოფი კაცი მარტო ვხვდები. დილით
,,2003 წელი, 6 ივნისი, ოქიანში თოვლი მოვიდა", კიდევ ,,2001 წელი, 4 ივნისი, ტამის მთაზე თოვლი მოვიდა"..
გადაბრუნებული ტრაქტორი მეორე ტრაქტორით გაასწორეს, მძღოლი ფანჯრიდან თოვლში გადმოვარდა.
"წყალი, ტყე, საძოვრები, მინდორი წაგვართვეს.
მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.