რედაქტორის რჩევით
Ног хабæрттæ
Цхинвалы фæмардуæвæг прокуроры рухс ном мысынц гуырдзиаг æмкусджытæ
Цхинвалы абон автокатастрофон цауы фæстиуæгæн фæмардуæвæг генералон
прокурор Цгъойты Мерабы баныгæдтой.
Цотниашвили Гиви, кæцы ныртæккæ кусы Гуырдзыстоны лигъдонты æмæ æрцæрæнуæтты министрады специалистæй, радзырдта нын, цæмæй 1985-86 азты раздæры Хуссар Ирыстоны автономон облæсты Цгъойты Мерабиимæ иумæ кæй куыста.
«Йæ прокуророн карьерæ 1985 азы райдыдта. Нырма облæсты прокурор уыдис. Стæй йæ горæты прокуратурæмæ ракодтой. Фæстæдæр æй уæлдæр гæсады бынатмæ сæвзæрстой. 80-йæм азты йæм Тбилисæй йæ хæлæрттæ арæх цыдысты. Позитивон адæймаг уыдис, хорз ахастытæ йын уыдис йе ‘мкусджытимæ», - мысы Цотниашвили, кæцы нырма Цхинвалы райкомы фыццаг секретарæй куыста, уый фæстæ та - хицауады сæрдары фыццаг хæдивæгæй.
«Райгуырди Ахалгоры. Йе ‘фсымæры дæр ын зонын, Важайы, цалдæр азы размæ мыл фембæлд, ныртæккæ Владикавказы цæры. Йæ бинойнаг Хуссар Ирыстоны автономон облæсты юстицийы хайады хистæры чызг у, йæ мыггаг Гаглойтæй».
Цотниашвили Гиви хъынцъым кæны, цæмæй 1992 азы фæстæ Цгъойты Мерабиимæ æмахастыты адарддæр кæнын йæ бон нал сси.
Цгъойты Мерабы хорз хъуыды кæны Мешвилдишвили Марина дæр, кæцы раздæры Хуссар Ирыстоны автономон облæсты культурæйы хайады куыста, – «Æнгом æмахаст ын уыдис гуырдзиаг интеллигенциимæ. Гуырдзиагау хорз зыдта. Æмбырдтыл иу арæх æмбæлдыстæм».
Цгъойты Мераб 1998-2001 азты Хуссар Ирыстоны дэ-факто хицауадæн къухдариуæг кодта. 2011 азы уыд президенты бынатмæ кандидат, фæлæ йæ кандидатурæ æвзæрстыты агъоммæ чысыл раздæр систа. Дэ-факто генералон прокуатурæйы уый 2012 азы йæхимæ райста.
Цгъойты Мераб 9-æм январы автокатастрофон цауы фæстиуæгæн фæмард Цхинвалы. Уый дэ-факто хицауады сæргълæууæджы хæдивæг, Джиоты Аллæйы хъæбулы чындзæхсæвæй фæстæмæ здæхтис.

ამავე კატეგორიაში

"Æз мæхæдæг Алцъхъаройаг дæн. Мæ фыд æмæ мæ фыдыфыд уырдыгæй

Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы
хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.

Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат
æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.

Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ

12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
ვიდეორეპორტაჟი
რკინიგზის დეპარტამენტი ფაქტს დაკვამლიანებას უწოდებს.
ოთხი წელია, რაც სოფელში ჩამოვედი. დედაჩემი იყო ავად, უკვე 92 წლის
ასაკს იყო მიღწეული.
"ორმა ოჯახმა შევინახეთ ეს სოფელი… კვამლი რომ ამოდის ოჯახიდან,
მიხარია,
გასული თვის პოპულარული სიახლეები
საინფორმაციო პორტალი მხარდაჭერილია ევროკავშირის (EU) და კონრად ადენაუერის ფონდის (KAS) მიერ, პროექტის "იმოქმედე საქართველოსთვის" ფარგლებში. საინფორმაციო მასალების შინაარსზე სრულად პასუხისმგებელია Qartli.ge და შესაძლოა, რომ იგი არ გამოხატავდეს დონორების შეხედულებებს.

მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.
სტატიის გამოყენების პირობები