რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
«« მარტი 2026 »»
232425262728 1
2 3 4 5 6 7 8
9 10 11 12 13 14 15
16 17 18 19 20 21 22
23 24 25 26 27 28 29
30 31 12345
Ног хабæрттæ
Дыргъты экспорты æрныллæгдзинад фалсификацигонд препараттыл баст у
Шида Картлийæ бæстæйы фæлгæтты (арæнты) æддемæ дыргъы экспорт зæгъæн ис æмæ бынтон бынмæ (нолмæ) æрхуадта.

Официалонæй сбæрæг, цæмæй ивгъуыд 2015 азы Гуры æмæ Карелы цæрджытæ дыргъдæттæ, препаратты бæсты, «афтид донæй» бапырх кодтой.

Уый тыххæй уæлрадон информаци Гуры муниципалитеты горæтон советы хъæууон хæдзарады æмæ аграрон къамисы æмбырдыл фито-санитарон куыстуаты хистæр Гогинашвили Давит бавдыста.

«Зонут æви нæ æмæ зæхкусæг йæ сæндоны хосæй куы пырх кæны, уаллæттæ кæл-кæлæй худынц», – ахæм аргъ радта Дзевера æмæ Кицънисы хъæуты минæвар Пъуричъамиашвили Мераб, фито-санитарон куыстуаты минæвары раныхасы фæстæ.

Гогинашвили Давиты ныхасмæ гæсгæ, Шида Картлийы дыргъты къаддæр тыллæгдзинад, растдæр, фалсификацигонд препараттæй спайдæкæнынад расайдта.

Лабораторион сбæлвырды фæстиуæгæн препараттæ: – «Къаванча» æмæ «Сансиро» – фалсификацигонд препараттæ разындысты.

«Хоспырхгонд æрцыдысты дыргътæ, халсæрттæ, фæлæ фæстиуæг ницыхуызон», – загъта уый.

Банысангонд препараттæ Гуырдзыстонмæ Турцийæ ласынц. Импортиргонд къампаниты заказтæ, растдæр, ацы бæстæты уæвæг препаратты уадзæг къампанитæн дæттынц. Уый фæстæ, дистрибуци Гуырдзыстоны æндæр æмæ æндæр магазинты, уыдон ‘хсæн, Гур æмæ Карелы дæр æххæстгонд цæуы.

Хæлцадоны национ агентады бæрæггæнæнæй, иваргонд æрцыд импротиортæ, фæлæ магазины хицæутты аххосдзинад нæ рабæрæг ис.

Административон уагдоны уæнг Апхазишвили Темур раныхас кодта, цæмæй ахæм цауы сбæрæг кæныны рæстæджы, закъон хъуамæ фæкарздæр уа.

«Ацы фыдракæнд хъуамæ нымад цæуа куыд лæг амарын. Ай стыр фыддзинад у», – банысан кодта Апхазишвили Темур, «Гуырдзиаг партийæ».

Гогинашвили Давит зæгъы, цæмæй æдыппæт 16 хуыз препараты бæрæггонд æрцыд. Уыдонимæ катайаг хатдзæг, лабораторийæ, æрмæст дыууæ препараты тыххæй райстой. Цæрджытæ та фылдæр «Къаванча» æмæ «Сансиро»-йы пайда кæнынц.

Фито-санитарон куыстуатæн ивгъуыд азы 16 препараты хуызæг райсыны план уыдис. Уагдонæн фылдæр препаратыл мониторинг саразыны финансон фæрæз нæй.

«Кæд æмæ æрбацыдис бæстæмæ 200 хуыз препарат æмæ бæлвырдгонд æрцыд 16 препарат, ай цы ахаст у? Паддзахад йæ ахаст хъуамæ фæива», – зæгъы административон уагдоны уæнг Хаташвили Хатуна, «Сæрибар демократтæй».

Административон уагдоны сæрдары хæдивæг Гигуашвили Темуры инициативæйæ иуыл æввахсдæр рæстæджыты, административон уагдоны уæнгты ‘рдыгæй, специалон курдиат арæзт æрцыд хицауады номыл.

Курдиатмæ гæсгæйæ, хицауад таможнæтыл æрбацæугæ препаратты сбæлвырд кæныны хæс хъуамæ йæхимæ райса, æмæ закъон хъуамæ карздæр скæна.

Административон уагдоны хъæууон хæдзарады къамисы сæрдары Меланашвили Мерабы курдиатæй, фыдракæнд, сæйрагæй дæр, импортиор компанитæ кæнынц, уымæн æмæ, фалсификацигонд препараттыл заказ уыдон æххæст кæнынц

 

Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
Карелы муниципалитеты Земо (Уæллаг) Лететы хъæумæ фистæгæй
Карелы муниципалитеты Земо (Уæллаг) Лететы хъæумæ фистæгæй
10:34 / 30.10.2025
Хъæуы сæрмæ, цыран кæддæр суадон хъæлæбагæнгæ цыдис, уым нырдæр
ногæй
Хъæуы сæрмæ, цыран кæддæр суадон хъæлæбагæнгæ цыдис, уым нырдæр ногæй
00:29 / 03.10.2025
«Фыццаг бынат, цыранмæ уырыссаг æфсад æрбацыд, Хъалаты сых уыдис.
«Фыццаг бынат, цыранмæ уырыссаг æфсад æрбацыд, Хъалаты сых уыдис.
00:22 / 22.08.2025
,,Дыууæ архы цæуы, дыууæ иумæ
,,Дыууæ архы цæуы, дыууæ иумæ "æртахгай" нæдæр фылдæр кæны,
23:25 / 07.08.2025
Ай у Карелы районы хъæу Окросопели (Зæринхъæу)
Ай у Карелы районы хъæу Окросопели (Зæринхъæу)
14:35 / 11.07.2025
ვიდეორეპორტაჟი

ხაშურის მუნიციპალიტეტში, ტყიან ფერდობებს შორის შეყუჟულ სოფელ ლაშხევში

"ჩვენი მერი ამოვიდა ამას წინათ და გაოცებულმა იკითხა: აქ როგორ ცხოვრობთო? სასწრაფო ამოდისო?"

თემურ ლომიძე გვთავაზობს, ათასში ერთხელ ასული სტუმრებივით, ერთად ავიდეთ
რკინიგზის დეპარტამენტი ფაქტს დაკვამლიანებას უწოდებს.


საინფორმაციო პორტალი მხარდაჭერილია ევროკავშირის (EU) და კონრად ადენაუერის ფონდის (KAS) მიერ, პროექტის "იმოქმედე საქართველოსთვის" ფარგლებში. საინფორმაციო მასალების შინაარსზე სრულად პასუხისმგებელია Qartli.ge და შესაძლოა, რომ იგი არ გამოხატავდეს დონორების შეხედულებებს.

მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.