რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
«« სექტემბერი 2025 »»
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Салд 52 краны Ренейы хъæуы
Ренейы хъæуы стыр мит æруард, нуазæн доны бадæттыны æмæ транспорты змæлды проблемæтæ скодта.

Уавæримæ Шида Картлийы информацион центры журналисттæ бынаты базонгæ сты.

«Чи æвзæр у, Къаспмæ хъуамæ акæна йæ хъæбулы, рынчын у, йæ бон нæу цæуын. Тагъд æххуыс дæр айонг нæ цæуы», – зæгъы бынæттон цæрæг Илуридзе Хвтисо.

Ренейы цæрæг Меладзе Мзия зæгъы, цæмæй ацы азы зымæджы фæндаг фыццаг хатт кæй сæхгæдта. Ай 2016 азы 26-æм январы æрцыд.

Хохы фахсыл цæрæг хъæутæм дзулласæн машинæ дæр нал сфæрæзта схизын.

«Ай фыццаг цау у ацы зымæджы, æмæ афтæ фæндаг сæхгæдта. Дзулласæн машинæ бынæй æрлæууыд æмæ уырдыгæй схастам. Фæндаг дæр хафт нæу. Знон мын сыхаг лæппу загъта, цæмæй, иннæ хъæуы Чобалауры фæндаг асыгъдæг кодтой æмæ ам та нæ», – зæгъы Меладзе Мзия.

Муниципалитеты сæргълæууæджы минæвар Къодицъхъаройы темы Илуридзе Гия бæлвырд кæны, цæмæй 26-æм январы трактор 5 сахаты фæкуыста.

«Трактор кусын 11 сахатыл райдыдта æмæ 4 сахатмæ бакуыста. Цы фæндæгтæ уыд, уыдон иуылдæр сыгъдæггонд æрцыдысты». – загъта Илуридзе Гия.

Ренейы хъæуы доны кран дæр ныссалдис. Уымæ гæсгæйæ, хъæуы нуазыны доны хъуагдзинад фæзынд.

«Ацы афтæ хонгæ крантæ сæлынц. Цæмæндæр уыцы стандартты аккаг не сты, цæмæй арæзт æрцыдысты. Æгас зымæджы ахæм ихуазалтæ куы уа, æнæ донæй баззайдзыстæм», – зæгъы Илуридзе Лия.

«Хъæумæ трубæтæй ацы сæрды райыд дон. Сæрæй хæрзцъус акуыста, стæй мотортæ басыгъдысты. Дыууæ мæйы бахъуыдысты моторты сцалцæг кæнынæн. Цалдæр мæйы нæ бахъуыд æнхъæлмæ кæсын. Ацы мотортæ нырма дыууæ мæйы сты, куы сæ сцалцæг кодтой. Ацы дыууæ мæйы дæргъы та дон цыппар хатты рацыди», – дзуры Илуридзе Хвтисо.

Къаспы муниципалитеты сæргълæууæджы минæвар Илуридзе Гия зæгъы, цæмæй фыццаг уый, æмæ доны трубатæ ныих сты, дыккаг, салд трубæты цæрджыты иу хай æфсæйнаг ломтæй цъæл кæны æмæ халы.

Гæсады минæвары ныфс ис, цæмæй ахæм æвзæр боныгъæд бирæ нæ ахæсдзæн æмæ тагъд рæстæджы дон кæй уыдзæн.

Нуазын доны масштабон проект Ренейы хъæуы ацы азы сæххæстис. Æнæхъæнæй Къодайы темы 52 краны арæзт æрцыд. Цæрджытæ хынцæгмæ гæсгæйæ хардз кæнынц нуазыны доны.


Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
,,Дыууæ архы цæуы, дыууæ иумæ
,,Дыууæ архы цæуы, дыууæ иумæ "æртахгай" нæдæр фылдæр кæны,
23:25 / 07.08.2025
Ай у Карелы районы хъæу Окросопели (Зæринхъæу)
Ай у Карелы районы хъæу Окросопели (Зæринхъæу)
14:35 / 11.07.2025
2008 азæй дæн фермерты куыстуаты кæцы нысан кæны стурты æмæ хуыты
2008 азæй дæн фермерты куыстуаты кæцы нысан кæны стурты æмæ хуыты
14:28 / 07.07.2025
"Æз мæхæдæг Алцъхъаройаг дæн. Мæ фыд æмæ мæ фыдыфыд уырдыгæй
00:57 / 10.02.2025
Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы
хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.
Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.
18:46 / 28.12.2024
ვიდეორეპორტაჟი
რკინიგზის დეპარტამენტი ფაქტს დაკვამლიანებას უწოდებს.
ოთხი წელია, რაც სოფელში ჩამოვედი. დედაჩემი იყო ავად, უკვე 92 წლის ასაკს იყო მიღწეული.
"სოფელში არაფერია. აქ არავინ არის. მხოლოდ ერთი ბიჭი, მაგისი დედა და მე ვართ.
"ორმა ოჯახმა შევინახეთ ეს სოფელი… კვამლი რომ ამოდის ოჯახიდან, მიხარია,


საინფორმაციო პორტალი მხარდაჭერილია ევროკავშირის (EU) და კონრად ადენაუერის ფონდის (KAS) მიერ, პროექტის "იმოქმედე საქართველოსთვის" ფარგლებში. საინფორმაციო მასალების შინაარსზე სრულად პასუხისმგებელია Qartli.ge და შესაძლოა, რომ იგი არ გამოხატავდეს დონორების შეხედულებებს.

მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.