რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
«« მაისი 2024 »»
2930 1 2 3 4 5
6 7 8 9 10 11 12
13 14 15 16 17 18 19
20 21 22 23 24 25 26
27 28 29 30 31 12
Ног хабæрттæ
Тогойты Дуса – 81 аздзыд Зегъдулетæй
Тогойты Русудан (Дуса) Зегъдулеты хъæуы цæры æмæ йæхи сæрмагонд фæллойæ абоны онг æфтиаг хæссы бинонты ‘хсæнмæ.

«Мыдыбындзæй фылдæр фыдæбонгæнæг у абоны онг дæр, æртæ хæдзары самадта, базартæм хаста йæхи сæрмагонд продукцийы æмæ уæй кодта. Ныр дæр фæллой кæны», - дзуры Дусайы хъæбулы хъæбулы æмкъай Бзишвили Тео.

Тогойты Дусайæн ныртæккæ 9 хъæбулы хъæбул æмæ 11 хъæбулты хъæбул ис.

Тынг мысы йæ зæхх – Куичъиры хъæуы, уыцы зæххыл куыд хæрзад донджын кæрдотæ задис, стæй йæ хæстæджытæ.

61 азы размæ, Ахалгоры районы Куичъиры хъæуæй Зегъдулеты хъæумæ уазæгуаты æрцыдис. Уым Пицхелауриты мыггагæй иу лæппуйы зæрдæмæ фæцыд æмæ йæ аскъæфынмæ дæр æрхъавыд. Æниу, уый скъæфынмæ æрбацæуæг хъæуы æппæтæй бæзæрхыгдæр лæппуты къухæй йæхи атыдта. Нæ йыл фæтых сты. Цасдæр рæстæджы фæстæ йæ Пицхелаури уæддæр йæхицæн бинонтæн æркодта.

Цыппар азы иу уаты цардысты йæхæдæг, йе ‘мкъай, йæ хицау, йе ‘фсин, æмæ йе ‘мкъайы мадызæнæгтæ.

«Ардæм куы ‘рцыдтæн, скъæты цардыстæм. Ныр ам цы уынут, алцыдæр мæхи къухæй арæзт у. Ноджыдæр мæ фæнды бафтуон æм».



Сæдæ чиныг дæр не ‘сфаг уыдзæн мæ царды хабæртты ныффыссынæн – дзуры æмæ тутатæ тонын дарддæр кæны. Арахъхъ сæ хъуамæ рауадза. Мæйы мидæг 100 литры арахъхъ рауадзы. Мæйы мидæг 500 лари хæссы бинонтæм.

Рагуалдзæджы та фæткъуыйы ‘хсæдæнты æртымбыл кæны дыгъдæтты. Уый æмбырд пыхсытæй сыхаг хъæуы цæрджытæ торнейы дзул скæнынц. Æмæ бинонтæн æнæаргъæй дзул фæдæттынц.

Фæткъуыйы йеддæмæ ма æндæр дыргътæ дæр æрзайын кæнынц бинонтæ. Дусайы хъæбул æмæ хъæбулы хъæбултæ продукты къæсæрæй-къæсæрмæ хæссынц æмæ йæ уæй кæнынц. Дыргътæ Тбилисмæ дæр ахæссынц уæймæ. Бинонтæ, зæгъæн ис æмæ алы базармæ дæр ахæссынц сæ уæййаг.

«Вæййы ахæм цаутæ дæр, æмæ дыргъы æфстау дæр раттынц. Иухатт дæс мины банымадтой, кæцы æфстауæй радтой. Æз сын уæд загътон, хъæбул, зæгъын, дæхæдæг дзы куы ницы райсай, уæд, тыллæг нал æрзайын кæндзынæ, фæлæ цы бакæна? Фæстæмæ дæр ма йæ куыд æрбахæсдзынæ? Уæддæр ын ницыуал аргъ уыдзæн», - зæгъы Дуса. Зегъдулеты хъæу оккупацигонд хаххмæ ‘ввахс у. Уый алыварс æнæбакуыстгонд зæхх нæ фендзынæ. Алы зæххы хайы дæр адæм фæллой кæнынц. Хæрззылд дыргъдæттæ хорз зынынц Уæрæсейы æфсæддон базæйæ.

81 аздзыд сылгоймагæн абоны онг æнæсæххæст бæллиц ис – йæ райгуырæн хъæуы йæ мады æмæ йæ мадызæнæгты уæлмæрдты фенын. Йæ мад сидзæрæй 8 хъæбулы схъомыл кодта.

«Мæ фыды хæстмæ куы акодтой, уæд мæ мадыл 36 азы цыд. Мæ райгуырды нæдæр федта. Мæ мад нæ Тбилисы 8 хъæбулы сидзæрæй схъомыл кодта, æз сæ кæстæр дæн. Ныртæккæ ма дзы æз дæн сæрæгас. Еныр мæ бон нал у мæ хъæумæ ацæуын. Фæстаг хатт ма ме ‘фсымæр цардис уым, фæлæ мын ууыл кæуын дæр нæ бантыст. Дзæуджыхъæуы йæ баныгæдтой», - дзуры Дуса.

Дусайы æввахс хиуæттæ Куичъиры хъæуы æппæты фыццаг 1990-æм азты ныууагътой.

«Чи сæ кæм æрцард, чи та кæм. Уыцы змæст рæстæджы, сырдтой адæмы неформалтæ. Зæгъæм, ме ‘фсымæр нырма Мцхетæйы районмæ рацыд, æмæ уым райдыдта цæрын, фæлæ стæй куы ‘рсабыр ситуаци, уæд уæддæр йæ хъæумæ ссыдис. Уым æй иу лæг нал бауагъта йæ хæдзармæ. Æмæ цы, хъуамæ йæ зæгъон, чи йæ нæ бауагъта, уый дæр ирон уыд. Æвзæр алыран дæр ис. Раздæхт фæстæмæ ме ‘фсымæр, нæ йæ фæндыд комы ныууадзын. Сыхаг хъæуы йæ кæйдæр хъæдзармæ бауагътой. Афтæ базылд ацы хæдзармæ æмæ йæ алыварс иу кæрдæджы хал дæр нæ ныууагъта. Стæй фæрынчын æмæ йæ бон нал уыд кусын», - мысы Дуса.

Дуса нын радзырдта, цæмæй йæ мад дæр ахæм фидар адæймаг кæй уыд, куыд йæхæдæг у, зæгъгæ, дам, фæллойæ æмæ кусынæй адæймаг алцыппæтыл дæр фæтых уыдзæн.

Ахалгоры районы Куичъиры хъæу, ныр зæгъæн ис æмæ афтид у. Уый тыххæй ныртæккæйы бæрæггæнæнтæ хæрз чысыл ис, афтæ, куыд Ксаны комы иннæ хъæуты тыххæй. Ахалгоры районы августы хæсты фæстæ, азты дæргъы нæ уыд гæнæн цæуын. Фæлæ, дэ-факто Хуссар Ирыстоны президенты, Гаглойты Аланы сæвзæрсты фæстæ сси гæнæн, рæстæгмæ, фæлæ уæддæр постты байгом æмæ оккупацигонд территоримæ бахизыны фадат ис. Æниу, нæдæр Дуса æмæ нæдæр уый бинонты уæнгтæн нæй гæнæн коммæ бацæуыны, уый тыххæй æмæ уым иудадзыг нæ цæрынц æмæ сын нæдæр а.х. ныффыст (прописка) ис.

Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
Хъӕуы ирӕттӕ цӕрынц: Уазӕгтӕ, Тъехтӕ, Дриатӕ/Елойтӕ ӕмӕ а.д.
19:09 / 21.01.2024
Ацы хæхты цур фæуд кæны Гуры муниципалитеты территори æмæ райдайы
Цъалкъайы муниципалитет.
Ацы хæхты цур фæуд кæны Гуры муниципалитеты территори æмæ райдайы Цъалкъайы муниципалитет.
23:20 / 12.01.2024
Хæбæлаты Тамар Хъуариджыны хъæуы райгуырдис æмæ схъомыл ис.
Хæбæлаты Тамар Хъуариджыны хъæуы райгуырдис æмæ схъомыл ис.
23:42 / 18.12.2023
"Алыхатт дæр иу афтæ дзырдтой, цæмæй Гиоргобайы къæвда æруадзæн.
21:16 / 28.11.2023
ვიდეორეპორტაჟი
ერთ-ერთ მიკროავტობუსში გაუგებრობა მოხდა. იქ სადაც საბავშვო ბაღების გაერთიანების
,,აქ ჩემი ცხოვრება როგორია? ახალ წელს ავადმყოფი კაცი მარტო ვხვდები. დილით
,,2003 წელი, 6 ივნისი, ოქიანში თოვლი მოვიდა", კიდევ ,,2001 წელი, 4 ივნისი, ტამის მთაზე თოვლი მოვიდა"..
გადაბრუნებული ტრაქტორი მეორე ტრაქტორით გაასწორეს, მძღოლი ფანჯრიდან თოვლში გადმოვარდა.
მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.