რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
«« მაისი 2025 »»
282930 1 2 3 4
5 6 7 8 9 10 11
12 13 14 15 16 17 18
19 20 21 22 23 24 25
26 27 28 29 30 31 1
Ног хабæрттæ
Джариашены зынгсирвæзты ахæлиуы ныхмæдзинады хахх сарæзтой
Гуры муниципалитеты Джариашены хъæуы, уырыссаг æфсæддонты ‘рдыгæй арæзт хаххы тыххæй ирон фарс æмбарын кæны.

Эргнеты 64-æм бадзырдты фæуды фæстæ, журналисттимæ Санахъоты Давит ныхас кодта.

Уый ныхасмæ гæсгæ, трактортæй къахтгонд хаххæн фæндаджы нысаниуæг нæй.

«Уый фæндаг нæу. Ацы хахх зынгсирвæзты ныхмæдзинадæн арæзт æрцыд. Зынгсирвæзты фæзынды цаутæ ивгъуыд азты уыдис. Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ арæныл хизынц, кæцы фæстæмæ проблемæйæ зайы», - загъта Санахъоты Давит.
Санахъоты Давиты ныхасмæ гæсгæ, Эргнеты фембæлдыл Гуырдзыстоны æмбæстæгты ‘рдыгæй дихгæнæг хаххæй ахизыны 5 цаумæ æркастысты.

Ацы фондз цауы 63-æм фембæлдæй 64-æм фембæлдмæ фиксиргонд æрцыдысты.

Фембæлдыл ма ныхас цыд Ахалгоры районы Балашвили Мерабы цæрæнуаты сызмæнтын æмæ фæмардуæвæг Башарули Давиты фарсты фæдыл.

Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады аналитикон департаменты минæвар Кобахидзе Давиты ныхасмæ гæсгæ, Балашвили Мерабы цæрæнуаты æрцахсыны фæдыл, ирон фарс информаци иннæ 65-æм фембæлдыл бавдисдзæн.

Кобахидзе Давит гуырдзиаг фарсы позици Джариашены цæугæ фæзындтыл журналисттимæ ныхасы рæстæджы дæр загъта.

Кобахидзе Давит (Гуырдзыстоны паддзахадон æдасдзинады аналитикон департаменты минæвар): - «Фембæлдыл æркастыстæм фæстаг периоды Гуры районы Джариашены хъæумæ ‘ввахс территорийыл оккупацион тыхты ‘рдыгæй æнæзакъонон куыстыты фарстмæ. Уыцы периоды махæрдыгæй фиксиргонд уыд, цæмæй æнгæс архæйдтытæ къух нæ аразынц сабырадæн æмæ стабилизацийæн æмæ бынæттон цæрджытæн кæй кæны проблемæтæ. Ацы фарст йæ нысаниуæгмæ гæсгæйæ гуырдзиаг фарсы ‘рдыгæй æрцæудзæн æвæрд иннæ къуырийы сплангонд Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты радон раундыл».

«Афтæ ма ныхас кодтам Тъирипоны донхорыг къанауойы сыгъдæггæнæн куыстыты фæдыл æмæ ныр æнхъæлмæ кæсæм æввахс рæстæджы конкретон фæстиуæгмæ. Фембæлдыл ма гуырдзиаг фарсы ‘рдыгæй æвæрд æрцыд Гуырдзыстоны æмбæстаг, лигъдоны цæрæнуатмæ балæбурыны æмæ йын йæ исады æнæзакъонæй æрцахсты фарст дæр. Ай æрцыд оккупацигонд Ахалгоры районы. Дэ-факто хицауады минæвæрттæ нын баныфс æвæрдтой, цæмæй нын иннæ фембæлды рæстæджы, конкретон информаци кæй бавдисдзысты». 

Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
"Æз мæхæдæг Алцъхъаройаг дæн. Мæ фыд æмæ мæ фыдыфыд уырдыгæй
00:57 / 10.02.2025
Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы
хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.
Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.
18:46 / 28.12.2024
Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат
æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.
Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.
18:30 / 29.11.2024
Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ
Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ
00:35 / 23.11.2024
12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
22:31 / 22.11.2024
ვიდეორეპორტაჟი
რკინიგზის დეპარტამენტი ფაქტს დაკვამლიანებას უწოდებს.
ოთხი წელია, რაც სოფელში ჩამოვედი. დედაჩემი იყო ავად, უკვე 92 წლის ასაკს იყო მიღწეული.
"სოფელში არაფერია. აქ არავინ არის. მხოლოდ ერთი ბიჭი, მაგისი დედა და მე ვართ.
"ორმა ოჯახმა შევინახეთ ეს სოფელი… კვამლი რომ ამოდის ოჯახიდან, მიხარია,


საინფორმაციო პორტალი მხარდაჭერილია ევროკავშირის (EU) და კონრად ადენაუერის ფონდის (KAS) მიერ, პროექტის "იმოქმედე საქართველოსთვის" ფარგლებში. საინფორმაციო მასალების შინაარსზე სრულად პასუხისმგებელია Qartli.ge და შესაძლოა, რომ იგი არ გამოხატავდეს დონორების შეხედულებებს.

მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.