რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
«« მაისი 2025 »»
282930 1 2 3 4
5 6 7 8 9 10 11
12 13 14 15 16 17 18
19 20 21 22 23 24 25
26 27 28 29 30 31 1
Ног хабæрттæ
Цхаверы хъæу зымæг – æнæ сывæллæттæй (PHOO/VIDEO)
Цхаверы хъæумææввахс ис Цхиреты фидар. Картлийы паддзæхты сæрдыгон резиденцийæ тынг хорз зыны Шида Картлийы фæз бынат. Ацы фидары уыд Луарсаб дыккаг, сауджын Тевдоре осмалтæн сæ фæндаг куы схæццæ кодта, æндæр фæндагыл сæ акодта æмæ пад¬дзахы сæрвæлтау йæхи æрхаста.

1250 м. бæрзæндыл уæвæг Цхаверы хъæуы абон 40-мæ ввахс бинонтæ ис регистрацигонд. Хæдзæртты æмбис афтид æмæ пырхытæ сты. Уæдæй фæстæмæ, ацы хъæумæ рухс куы æрбауагътой, зæххыты регистраци сарæх ис. Хъæумæ бахизæны та, хицауад ног зæххыты уæй кæнын дæр райдыдта.

Фидармæ сывæллæтты сæрды рæстæджы скæнынц. Зымæджы та, æрмæст 9 хæдзары цæрынц. Фæндаг гом куы вæййы, ног азмæ хуы ргæвдынмæ дæр æрцæуынц уазæгуаты горæттæгтæ, - загъта нын Джинихъашвили Унара, кæцы хъæуы иунæгæй цæры æмæ фосмæ зилы.

«Цы кæнон, куыст мын быдыры нæй, фылдæр ам дæн. Ус-сывæллæттæ мын горæты сты. Æз ам фос дарын. Ме рвылбонон цард цы у? Фосæн райсом хæринаг раттон, баизæр æмæ та сын хæринаг раттон. Кæд дæм арахъхъ ис, баназ дзы æмæ арсау ратул-батул кæн», - зæгъы Джинихъашвили Унара.
Уый ныхасмæ гæсгæйæ, фыддæр уавæры ис Цхаверы уæллаг хъæу, Гостъибе, цыран, ныртæккæ 12 хæдзарæй цæрынц.

Фæдзурынц-иу мæм. Кæд дам исчи цæуы уралыл, уæд дам ын дзул кæнæ исты продукт рарвит. Нæ траспорт уый у. Къуырийы мидæг иу хатт кæд сугмæ цæуæг урал рацæуы», - загъта нын Джинихъашвили Унара

2002 азы хъæуы 33 адæймаджы цардис. Уыдонæй, 82% этниконæй ирон нацийы æмбæстæгтæ уыдысты. Æвзæнгты фылдæр хай хъæуæй ацыдысты.

70 аздзыд сылгоймаг Беставашвили-Каркусашвили Тамар Сахъаврейæ Цхавермæ смой кодта. Сахъавре, дæр хæххон хъæу у цæугæдон Тъанайы комы. Хъæуы 10-онг дыгæрдыг æмæ хуытæм зилы. Хæдзары йын йæхи фыдæбонæй зымæгмææрцæттæгонд ис продукттæ: хъæдур, картоф, цыхт.

«Иу курдиат мæм ис хицауадмæ, дон рауадзой ацы ранмæ, цы ран уыдис раздæр. Стуртæн цы бадарон нæй», - зæгъы Беставашвили Тамар.

Хъæумæ бахизæны монтажгонд кран æхгæд у. Доны хæтæл лыг у æмæ, уымæ гæсгæйæ, краны фарсмæ цы дон æмбырдгæнæн цад ис уый афтид у. Ацы æфсæйнаг æмбыргæнæны фос дон нуæзта.

Куыд рабæрæг уымæ гæсгæ, нуазыны доны реабилитацийы рæстæджы, хъæуы цалдæр бынаты кранты кæрæдзиимæ хæтæлтæй баиу кодтй. Иу краны куы рауагътаис дон, иннæ кран нал цыд. Ай фæдыл Цхаверы цæрджытæ нырма ноджы дыууæ азы размæ Гостъибемæ цæугæйы рæстæджы губернаторæн æмæ гамгебелæн рахъаст кодтой. Цхаверæгтæн хуыздæр уыдаид, цæмæй арæзтадон компани крантæ паралеллон хæтæлтæй куы сиу кодтаид.

Дыууæ азы фæстæ дæр уавæр не сраст ис.

Социалон фыдцард ма ноджы иу цæрæг Табуашвили Циала æвзары. Фæстаг аст мæйы дæргъы йæ хицау æмæ йæ мой фæзиан сты кæрæдзийы фæдыл.

«Ацы стыр машинæтæ куы цæуын байдайынц, уæд нын кæд уыдон сласынц: ссад, зети, сæкæр. Уыдонæн бахæс кæнæм, скъолæ ам нæй, сывæллæты рæвдауæндон ам нæй. Æмæ уый тыххæй хъæуы сывæллон нæй. Кæд нæ исты тагъдæн бахъæуы, фистæгæй хъуамæ ныццæуай Ахалцихы хъæумæ», - зæгъы Табуашвили Циала.

Цхаверæй Ахалцихы онг 4 км-у, фæлæ районы центры онг, Къаспы онг - 22 км.
Фæззæгæй фæстæмæ Цхавер-Гостъибейы фæндаджы капиталон арæзтад райдыдта.
Куыстытæ уалдзæгæй сног уыдзысты æмæ 15 км. Фæндаджы ног æмбæрзт официалонæй иннæ азы байгом уыдзæн.





Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
"Æз мæхæдæг Алцъхъаройаг дæн. Мæ фыд æмæ мæ фыдыфыд уырдыгæй
00:57 / 10.02.2025
Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы
хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.
Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.
18:46 / 28.12.2024
Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат
æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.
Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.
18:30 / 29.11.2024
Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ
Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ
00:35 / 23.11.2024
12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
22:31 / 22.11.2024
ვიდეორეპორტაჟი
რკინიგზის დეპარტამენტი ფაქტს დაკვამლიანებას უწოდებს.
ოთხი წელია, რაც სოფელში ჩამოვედი. დედაჩემი იყო ავად, უკვე 92 წლის ასაკს იყო მიღწეული.
"სოფელში არაფერია. აქ არავინ არის. მხოლოდ ერთი ბიჭი, მაგისი დედა და მე ვართ.
"ორმა ოჯახმა შევინახეთ ეს სოფელი… კვამლი რომ ამოდის ოჯახიდან, მიხარია,


საინფორმაციო პორტალი მხარდაჭერილია ევროკავშირის (EU) და კონრად ადენაუერის ფონდის (KAS) მიერ, პროექტის "იმოქმედე საქართველოსთვის" ფარგლებში. საინფორმაციო მასალების შინაარსზე სრულად პასუხისმგებელია Qartli.ge და შესაძლოა, რომ იგი არ გამოხატავდეს დონორების შეხედულებებს.

მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.