რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
«« მარტი 2026 »»
232425262728 1
2 3 4 5 6 7 8
9 10 11 12 13 14 15
16 17 18 19 20 21 22
23 24 25 26 27 28 29
30 31 12345
Ног хабæрттæ
Къаспы микробиологон комбинат бæстæйы масштабæй 1500 тоннæ хъацæн ныридæгæн ауæй кодта
Абоны уавæрæй Къаспы микробиологон комбинат бæстæйы масштабæй 1500-мæ ввахс тоннæ хъацæн ауæй кодта. Ай фæдыл кондады директор Къупърава Давит хъæууон хæдзарады министрæн фехъусын кодта.  

Министр Давиташвили Леуан хъацæнты завод знон бабæрæг кодта. Микробиологон кондад «Джеоферт» ныр цалдæр мæйы у куы байгом.

Хъæууон хæдзарады министрады пресс-куыстуаты бæрæггæнæнмæ гæсгæ, кондады, кæцы ултранырыккон машинæ-ифтонггарзтæй æмæ кондадон хæххытæй у ифтонггонд, экологионæй сыгъдæг бактерион, гуминон, орган-минералон хъацæнтæ уадзы.

Заводы директор хъусын кæны, цæмæй компанийы уагъд биологион хъацæнтæ домгæ сты куыд бынæттон, афтæ экспортон базарыл. Кондады процессы министр уымæн æххуыс баныфс æвæрдта.

«Махæн тынг ахсджиаг у хъæууон хæдзарады рæзынад фидар принциптыл, кæцы уый нысан кæны, цæмæй, иуæрдыгæй, нысаниуæгджын у аграрон кондады продукци сырæзын кæнын, фæлæ, иннæрдыгæй та, мæры æххæстæй бахъахъхъæнын. Растдæр уый тыххæй, органон кондадæн сæрмагонд роль ис Гуырдзыстоны хъæууон хæдзарады рæзынады æмæ æхсызгондзинад у, цæмæй уый гæнæн ис гуырдзиаг хъацæнтыл, гуырдзиаг кондадон фæрæзтыл бындургондæй æрцæуа. Ацы къуымæй Гуырдзыстоны индустрион политикæ иттæг нысаниуæгджын у уыдонæн, цæмæй мах райсæм хæрз тагъд экономикон рæзты фæстиуджытæ», - фæнысан кодта йæ ныхасы Давиташвили Леуан.

«Нæ продукци экспортыл хизы Германимæ, Турцимæ, Казахстанмæ, Болгаримæ. Бадзырдты процесс нын ис ноджы цалдæр бæстæимæ. Гуырдзыстоны базармæ та цы хауы, уымæй, 1500 тоннæйæ фылдæр хъацæн ныридæгæн реализацигонд у æмæ ацы цифрæ ноджыдæр фæфылдæр уыдзæнис», - зæгъы Къупърава Давит.

Кондады абон 120 адæймаджы кусы, кæцытæй 65 адæймаг бынæттон у. Комбинаты æххæст кондадон хъомысадыл ахизыны фæстæ уæлæмхасæй фæзындзæн 250 кусæн бынаты.
Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
Карелы муниципалитеты Земо (Уæллаг) Лететы хъæумæ фистæгæй
Карелы муниципалитеты Земо (Уæллаг) Лететы хъæумæ фистæгæй
10:34 / 30.10.2025
Хъæуы сæрмæ, цыран кæддæр суадон хъæлæбагæнгæ цыдис, уым нырдæр
ногæй
Хъæуы сæрмæ, цыран кæддæр суадон хъæлæбагæнгæ цыдис, уым нырдæр ногæй
00:29 / 03.10.2025
«Фыццаг бынат, цыранмæ уырыссаг æфсад æрбацыд, Хъалаты сых уыдис.
«Фыццаг бынат, цыранмæ уырыссаг æфсад æрбацыд, Хъалаты сых уыдис.
00:22 / 22.08.2025
,,Дыууæ архы цæуы, дыууæ иумæ
,,Дыууæ архы цæуы, дыууæ иумæ "æртахгай" нæдæр фылдæр кæны,
23:25 / 07.08.2025
Ай у Карелы районы хъæу Окросопели (Зæринхъæу)
Ай у Карелы районы хъæу Окросопели (Зæринхъæу)
14:35 / 11.07.2025
ვიდეორეპორტაჟი

ხაშურის მუნიციპალიტეტში, ტყიან ფერდობებს შორის შეყუჟულ სოფელ ლაშხევში

"ჩვენი მერი ამოვიდა ამას წინათ და გაოცებულმა იკითხა: აქ როგორ ცხოვრობთო? სასწრაფო ამოდისო?"

თემურ ლომიძე გვთავაზობს, ათასში ერთხელ ასული სტუმრებივით, ერთად ავიდეთ
რკინიგზის დეპარტამენტი ფაქტს დაკვამლიანებას უწოდებს.


საინფორმაციო პორტალი მხარდაჭერილია ევროკავშირის (EU) და კონრად ადენაუერის ფონდის (KAS) მიერ, პროექტის "იმოქმედე საქართველოსთვის" ფარგლებში. საინფორმაციო მასალების შინაარსზე სრულად პასუხისმგებელია Qartli.ge და შესაძლოა, რომ იგი არ გამოხატავდეს დონორების შეხედულებებს.

მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.