რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
«« მაისი 2025 »»
282930 1 2 3 4
5 6 7 8 9 10 11
12 13 14 15 16 17 18
19 20 21 22 23 24 25
26 27 28 29 30 31 1
Ног хабæрттæ
Гуры фæндзæм æмæ фыццаг бригадæтæ баиу уыдзысты
Абон Шида Картлийы информацион центры рдыгæй рапарахатгонд информацийы фæдыл, цыма фæндзæм бригадæйы æфсæддонты куыстæй ссæрибар кодтой, хихъахъ-хъæнынады министрады пресс-куыстуат дзуапп дæтты.

Пресс-куыстуаты бæрæггæнæмæ гæсгæйæ, банысангонд процессæн хихъахъхъæнынады министрады ауагъд оптимизацийы процессимæ ницыхуызон бастдзинад нæй.

Пресс-куыстуаты минæвары ныхасмæ гæсгæ, уыцы ситуаци, кæцы изæры 18 сахатыл фотойыл ис фиксиргонд, бригадæйы уæнгты ссæрибар кæнын нæ нысан кæны.

«Æфсæддонтæизæры 18 сахатыл ныууадзынц бригадæйы æмæацæуынц хæдзæрттæм, дыккаг бон фæстæмææрбаздæхынц. Уыдон ничи ссæрибар кодта», - хъусын кæны пресс-куыстуат.

Уый ныхасмæ гæсгæ, æрвылбон афтæ вæййы. Казармæйы æрмæстдæр контингенты 30%-ы баззайы.

Ацы фактмæ цы хауы, уымæй та, кæцы абон хихъахъхъæнынады министрад 2500-йы онг æфсæддон персоналы ссæрибар кæныны фæдыл курдиат сарæзта, Гортамашвили Тамары курдиатмæ гæсгæ, уый банысангонд бригадæмæ нæ хауы.

Шида Картлийы информацион центрæн зындгонд сси, цæмæй фæндзæм бригадææхгæд кæй цæуы.

«Фæндзæм æмæ фыццаг бригадæ иу кæнынц, баиудзинад нæ нысан кæны искæй куыстæй ссæрибар кæнын», - æмбарын кæны пресс-куыстуаты минæвар.

Абон сбæрæг, цæмæй хихъахъхъæнынады министрадæй, æдæппæт, 2500 гоймаг арвыстой куыстæй.

Гæрзифтонг тыхтæй æфсæддон гоймæгтæ:
1. Офицер – 217
2. Сержант – 123

Æдæппæт сты 340 æфсæддон. Адонæй 209 офицеры сæрмагонд курдиаты бындурыл ныууагъта гæрзифтонг тыхты. Уыдонæн дæттинаг компенсацийы æнæхъæн суммæ 5 милуан 197 мин 500 ларийы бæрц у. Фæлæ компенсациты мыздæвæрд лæвæрд æрцæудзæн хуындадмæ гæсгæ:
• Лейтенант, хистæр лейтенант – 10 мин лари
• Капитан – 14 мин лари
• Майор – 18 мин лари
• Вице-полковник – 23 мин лари
• Полковник – 29 мин лари.

Се ‘хсæн æмбæстагон офисæй:
1. Æнæштатæй – 400
2. Штатимæ – 1350
3. Æдæппæт 1750 æмбæстагон гоймаг.

Хихъахъхъæнынады министрады пресс-куыстуаты бæрæггæнæнмæ гæсгæ, уагдоны æрцæугæ реорганизацийы æмæ оптимизацийы фæстиуæгæн ацы рæстæгмæ сэкономигонд суммæ 32 мин ларийы у.

«Гуырдзыстоны хихъахъхъæнынады министрады реорганизацийы процесс 2016 азы сентябрæй райдыдта. Министрады ног къухдариуæгад йе ‘рбацыдæй кусын байдыдта системон дефекты скуынæг кæнынылæмæ уагдоны стратегион рæзыны планыл», - зæгъынц хихъахъхъæнынады министрады

Министры хъуыдымæ гæсгæйæ, реформæйы нысан, бæстæйы национ интерестæм гæсгæйё, уæвæг тасдзинæдтæм гæсгæ, Натомæаккаг, хихъахъхъæнынхъом гæрзифтонг тыхтæ скæнын æмæсцæттæ кёнын у, кæцы уагдоны администрацион хæрдзты экономийы, бюрократон аппараты фæкъаддæры, дублиронгонд функциты скуынæг кæныны æмææнæфункцион штатон иуæгты сæхгæныны фæндагæй хъуамææххæст æрцæуа.

Оптимизацийы процесс хихъахъхъæнынады министрады хицауиуæгæнæг зылдæй райдыдта, кæцы уынаффæгёнджыты институты сæхгæнын равдыста, фæстиуæгæн, æрмæст ацы скъуыддзагæй, экономигонд æрцыд 389 556 лари, кæцы министры æмæ йæ хæдивæгты 10 уынаффæгæнæджы афæдзон мызды бæрц у. Уынаффæгæнджыты штат æхгæд æрцыд генералон штабы æмæ дæлструктурæты дæр. Цæй фæстиуæгæн дæр æдæппæтæй 1 милуан ларæй фылдæр суммæ экономигонд æрцыд.

2016 азы, хихъахъхъæнынады министрадмæ 670 милуанон бюджетæй 67%-ы æрмæст мыздæн æмæ социалон хæрдзтæн цыд, фæлæ 33%-ы техникæйæн, нæмыг-хосæн æмææндæр хъæугæдзинæдтæн уыд нымад:

«Кæцы æнæфаг æмææнæраст ахаст у, уæлдайдæр уыцы фоныл, Натойы стандарттæй, бюджеты мызды æмæ администрацион хæрдзтæ 50-йæ 53%-ы онг бæрæг куы у. Уымæ гæсгæйæ, стратегион æмбалады æмæ экспертты алы рекомендаци, хихъахъ¬хъæнын-хъомдзинады суæлæмæ кæнынæн, растдæр бюджеты сбаланс кæныныæмæэфектив¬онæй адих кæныны фарстмæ хауы», – зæгъы хихъахъхъæнынады министрад.



Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
"Æз мæхæдæг Алцъхъаройаг дæн. Мæ фыд æмæ мæ фыдыфыд уырдыгæй
00:57 / 10.02.2025
Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы
хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.
Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.
18:46 / 28.12.2024
Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат
æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.
Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.
18:30 / 29.11.2024
Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ
Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ
00:35 / 23.11.2024
12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
22:31 / 22.11.2024
ვიდეორეპორტაჟი
რკინიგზის დეპარტამენტი ფაქტს დაკვამლიანებას უწოდებს.
ოთხი წელია, რაც სოფელში ჩამოვედი. დედაჩემი იყო ავად, უკვე 92 წლის ასაკს იყო მიღწეული.
"სოფელში არაფერია. აქ არავინ არის. მხოლოდ ერთი ბიჭი, მაგისი დედა და მე ვართ.
"ორმა ოჯახმა შევინახეთ ეს სოფელი… კვამლი რომ ამოდის ოჯახიდან, მიხარია,


საინფორმაციო პორტალი მხარდაჭერილია ევროკავშირის (EU) და კონრად ადენაუერის ფონდის (KAS) მიერ, პროექტის "იმოქმედე საქართველოსთვის" ფარგლებში. საინფორმაციო მასალების შინაარსზე სრულად პასუხისმგებელია Qartli.ge და შესაძლოა, რომ იგი არ გამოხატავდეს დონორების შეხედულებებს.

მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.