რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
«« მარტი 2026 »»
232425262728 1
2 3 4 5 6 7 8
9 10 11 12 13 14 15
16 17 18 19 20 21 22
23 24 25 26 27 28 29
30 31 12345
Ног хабæрттæ
Тыхст уавæры уæвæг лигъдæттæн социалон æххус фæдывæр уыдзæн
Ай фæдыл лигъдæтты министр СозарСубар, Гуры, æнæхицауадон организа¬цийы уæнгтимæ ауагъд фембæлды рæстæджы, загъта.

Йё ныхасмæ гæсгæйæ, уый фёдыл, «Лигъдæтты цæрæнуæтты ифтонгады фæткы» ивд-дзинæдтæ æрцæудзæн.

«Реформæйы сæйраг нысан у, цæмæй суммæ уыцы адæймæгтыл хъуамæ бахардз уа, кæцытæ алкæмæй тынгдæр тыхст сты æмæ сæ хъæуы æххуыс», - загъта министр.

Ивддзинæдтæ нæ хауынц лигъдæтты статусмæ, статус баззайдзæн алы лигъдонæн дæр, куыд фæстæмæ æрбаздæхыны барлæвæрд.

Кулæты æргъады критеритæ

Цæрæнуаты уавæртæ сты тынг уæззау æмæ радикалонæй аккаг не сты минималон цæрæн уавæртæм (лигъдоны бинонтæ цæрынц гаражы, бæстыхайы мидæг асинты бын, хъахъхъæнæджы халагъуды, хиарæзт фæйнæджытæй бæстыхайы, сыджытын хæдзары æмæ æндæр) – уыдонæн лæвæрд цæуы 3 кулæ.

Лигъдон бинонтæн кæцыйæн дыууæ æнахъом уæнг ис, лæвæрд цæуы 1 кулæ, æртæ æнахъом уæнгæн 2 кулæ, цыппар æнахъом уæнгæн 3 кулæ, фæлæ алы иннæ æнахъом уæнджы цауы уæлæмхасёй лæвæрд цæуы 0,5 кулæ. Ацы рæстæгмæ, лигъдон бинонтæн 1 кула лæвæрд цыд уыцы цауы кæд æмæ бинонты сконды уыд æртæ æнахъом уæнг, фæлæ алы иннæ æнахъом уæнгæн лæвæрд цыд уæлæмхас æрмæст 0, 5 кулæйы.

Критеритæм бахæссинаг ивддзинæдтæм гæсгæ, бинонтæ кæцыйы уæнг уыди Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады тыххæй хæсты ветеран æмæ амарди, райсдзæни 1,5 кулæйы. Абоны онг, ахæм критери нæ уыдис.

Лигъдон бинонтæ, кæцыйы уæнг Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады тыххæй тохы фæмард æмæ йын лæвæрд ис национ хъайтары орден, 2 кулæйы бæсты райсдзæни, 3 кулæйы. Афтæма,æрдæг кулæйæ фæфылдæр уыдзæни Сыгъдæг Георгийы номыл фæуæлахизы ордентыл, Давит Агъмашенебелы орден æмæ Вахтанг Горгасалийы орденыл лæвæрд кулæты бæрцад.

Афтæ ма, уыцы бинонтæ, кæцыйы уæнгу Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады фæдыл тохы ветеран æмæ йын лæвæрд ис национ хъайтары орден, 2 кулæйы бæсты райсдзæни 3 кулæйы. Афтæма,æрдæг кулæйæ фæфылдæр уыдзæни Сыгъдæг Георгийы номыл фæуæлахизы ордентыл, Давит Агъмашенебелы орден æмæ Вахтанг Горгасалийы орденыл лæвæрд кулæты нымæц дёр.

Лигъдон бинонтæн, кæцы регистрацигонд у Тбилисы ныффысдзæн курдиат «Хъæуæн хæдзары балхæды» проекты фæлгæтты, уымён уæлæмхас 2,5 кулæ лæвæрд æрцæудзæни. Лигъдон бинонтæн гæнæндзинад ис цæрæн хæдзар, куыд Тбилисы, афтæ Гуырдзыстоны кæцыфæнды регионы йæхи фæндонмæ гæсгæйæ сæвзара.

Амæй дарддæр ма, 2013 азы 1 январмæ Тбилисы регистрацигонд лигъдон бинонтæн, 2 кулæйы бæсты, лæвæрд æрцæудзæн 2,5 кулæ, кæд æмæ уый курдиат бадæтдзæн Гуырдзыстоны кæцыфæнды регионы цæрæнуаты райсыны фæдыл.

Созар Субар æмбæстагон секторы минæвæрттён лигъдæтты дæргъвæтин¬æмгъуыдон цæрæнуаты æрдæмадæй министрады цæугæ проекттимæ базонгæ кодта.

Афтæ ма, реформæйы фæлгæтты лигъдæттæн æркастгонд цæрæн корпусты арæзтады темпытæ фæдывæр уыдзысты.

Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
Карелы муниципалитеты Земо (Уæллаг) Лететы хъæумæ фистæгæй
Карелы муниципалитеты Земо (Уæллаг) Лететы хъæумæ фистæгæй
10:34 / 30.10.2025
Хъæуы сæрмæ, цыран кæддæр суадон хъæлæбагæнгæ цыдис, уым нырдæр
ногæй
Хъæуы сæрмæ, цыран кæддæр суадон хъæлæбагæнгæ цыдис, уым нырдæр ногæй
00:29 / 03.10.2025
«Фыццаг бынат, цыранмæ уырыссаг æфсад æрбацыд, Хъалаты сых уыдис.
«Фыццаг бынат, цыранмæ уырыссаг æфсад æрбацыд, Хъалаты сых уыдис.
00:22 / 22.08.2025
,,Дыууæ архы цæуы, дыууæ иумæ
,,Дыууæ архы цæуы, дыууæ иумæ "æртахгай" нæдæр фылдæр кæны,
23:25 / 07.08.2025
Ай у Карелы районы хъæу Окросопели (Зæринхъæу)
Ай у Карелы районы хъæу Окросопели (Зæринхъæу)
14:35 / 11.07.2025
ვიდეორეპორტაჟი

ხაშურის მუნიციპალიტეტში, ტყიან ფერდობებს შორის შეყუჟულ სოფელ ლაშხევში

"ჩვენი მერი ამოვიდა ამას წინათ და გაოცებულმა იკითხა: აქ როგორ ცხოვრობთო? სასწრაფო ამოდისო?"

თემურ ლომიძე გვთავაზობს, ათასში ერთხელ ასული სტუმრებივით, ერთად ავიდეთ
რკინიგზის დეპარტამენტი ფაქტს დაკვამლიანებას უწოდებს.


საინფორმაციო პორტალი მხარდაჭერილია ევროკავშირის (EU) და კონრად ადენაუერის ფონდის (KAS) მიერ, პროექტის "იმოქმედე საქართველოსთვის" ფარგლებში. საინფორმაციო მასალების შინაარსზე სრულად პასუხისმგებელია Qartli.ge და შესაძლოა, რომ იგი არ გამოხატავდეს დონორების შეხედულებებს.

მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.