რედაქტორის რჩევით
Ног хабæрттæ
Къудухты сыхы «афтиддзинад»
Куы æризæр вæййы уæд æрмæст иу хæдзары кæрты ссудзы лампа
цырагъ.
Фæлæ, йæ рухс æддаг рухсимæ Сакъоринтелы онг дæр нæ хæццæ кæны.
Бæлæсты ‘хсæн æмбæхст хъæу дардæй, зæгъæн ис, æмæ зынгæ дæр нæ кæны. Уæлиаугонд бынатæй ракæсгæйæ та, æдæппæт цыдæр 8 хæдзары уæлхæдзар фендзыстут.
Уый Къудухты сых у – Къудухашвилиты хъæу. Ныртæккæ, уым, æрмæст, дыууæ адæймаг цæры – Къудухашвили Важа æмæ йæ бинойнаг, Заалишвили Марина.
Иннæ хæдзæрттæ афтид сты. Къудухашвили Важайы хæдзарæй дарддæр ма ноджы иу хæдзарыл зыны адæймаджы фæд. Ардæм Къудухашвили Цицино сæрды рæстæджы, кæнæ мæй иу хатт æрцæуы Тбилисæй.
Хæдзæрттæ æрдæгпырхытæ сты. Иуæй-иу кæрты дуарыл згæ гуыдыр æвæрд ис.
Иуæй-иу руддзгуытыл хæлуарæг ахæм бæзджын тынтæ ауагъта æмæ сæм мидæмæ хуры рухс æппындæр нал хæццæ кæны.

Нырма нын йæ фыдæлты хæдзары пырхæнтæ фенын кодта, стæй та Цæгат Ирыстонмæ ацæугæ йе ‘рвады цæрæнуаты, уымæй дæлдæр та, иннæ ‘рвады артдзæсты.
«Ам æрмæстдæр иунæг бинонтæ цард Биганишвилитæй, иннæтæ иуылдæр Къудухашвилитæ стæм. Мæ бинойнаг Квемо Чъалайы скъолæйы ахуыргæнæгæй кусы.
Дæрддзæг æртæ километры онг у. Æрмæстдæр уæд баззайын», - зæгъы хъæуы фысым.
Иу хатт та, асинæй рахаудта. Цалынмæ йæ бинойнаг æрбацыдис хæдзармæ, уæдмæ уадзыгæй хуыссыдис, уыцы ихуазалы.
Йæ хæдзар дыууæ уæладзыгон у, хæрзæфснайд.
«Рагæй нæм нал уыдис уазæг. Фæстаг хатт ма нæм уазæгуаты ОБСЕ-ы адæм уыдысты. Тынг сæ зæрдæмæ цыдис ардæм цæуын, сæхæдæг иу уайтагъд сихорæн фынг авæрдтой дыккаг уæладзыгыл», - загъта нын Заалишвили Марина.
Балконмæ ахизæм æмæ уырдыгæй Лехурайы коммæ кæсæм. Йæ акомкоммæ иннæ фарс та Сакъоринтело зыны, дæлейæ – Квемо Чъала. Цæгаты фарсæрдыгæй та, Монастъеры хъæу ис. Уый дэ-факто Хуссар Ирыстоны хицауады дæлбариуæг ис.
«Махæй 500 метры дæрдзæфмæ ис дихгæнæг хахх. Тæрсгæ ницæмæй кæнæм. Нæдæр нын уыдон исты разиан кæндзысты æмæ сын нæдæр мах исты разиан кæндзыстæм. Цалынмæ фæндæгтæ гом уыдысты, Монастеры цæрджытæ иуылдæр ауылты цыдысты. Базармæ дæр цыдысты», - ныхас йæхимæ айста йæ бинойнаг.

Августы хæсты рæстæджы ам хъæуы уыдис. Хæст куы райдыдта, нæ рацыдис Тбилисмæ. Важа æмæ Маринæимæ иумæ хъæуы баззадис.
«Тбилисæй мæм тилифонæй дзырдтой, рацæут дам, фæлæ кæдæм хъуамæ ацыдаин? Мæ хъæбулы уæлмæрд ам ис. Куыд æй хъуамæ ныууагътаин?» - загъта нын Къудухашвили Цицино.

Къудухашвили Цицино Тбилисы цæры, уый хъæумæ сабат æмæ хуыцаубоны фæцæуы. Сæрды рæстæджы та, йæ хъæбултимæ æмæ хъæбулы хъæбултимæ ныццæуы.

«Ам дон æмæ фæндаг куы уаид, уæд уыдон дæр æрцæуиккой, ардыгæй чидæриддæр ацыд æмæ цæриккой ам. Сæрæй кæд æмæ уыдзыстæм 10 адæймаджы, фæстæдæр бауыдзыстæм 20 æмæ 30, æмæ хъæу дæр нæ банымæг уыдзæн», зæгъы Марина – «иууыл хъуыды кæнын ауыл, уæд та мæ мойыл исты рцыд, уæд цы хъуамæ кæнон? Ацы хæдзарæн дæр йæ уæлхæдзар æркæлдзæн, куыд иннæ хæдзæрттæн, мæ хъæбултæ мæ акæндзысты ардыгæй æмæ мæн та ардыгæй ацæуын нæ фæнды. Уый тыххæй, курын Важайæ, цæмæй мæнæй раздæр ма ацæуа ацы бæстæй»
Фæлæ, йæ рухс æддаг рухсимæ Сакъоринтелы онг дæр нæ хæццæ кæны.
Бæлæсты ‘хсæн æмбæхст хъæу дардæй, зæгъæн ис, æмæ зынгæ дæр нæ кæны. Уæлиаугонд бынатæй ракæсгæйæ та, æдæппæт цыдæр 8 хæдзары уæлхæдзар фендзыстут.
Уый Къудухты сых у – Къудухашвилиты хъæу. Ныртæккæ, уым, æрмæст, дыууæ адæймаг цæры – Къудухашвили Важа æмæ йæ бинойнаг, Заалишвили Марина.
Иннæ хæдзæрттæ афтид сты. Къудухашвили Важайы хæдзарæй дарддæр ма ноджы иу хæдзарыл зыны адæймаджы фæд. Ардæм Къудухашвили Цицино сæрды рæстæджы, кæнæ мæй иу хатт æрцæуы Тбилисæй.
Хæдзæрттæ æрдæгпырхытæ сты. Иуæй-иу кæрты дуарыл згæ гуыдыр æвæрд ис.
Иуæй-иу руддзгуытыл хæлуарæг ахæм бæзджын тынтæ ауагъта æмæ сæм мидæмæ хуры рухс æппындæр нал хæццæ кæны.

90-æм
азты конфликты фæд
«90-æм азты чи Цæгат Ирыстонмæ ацыди, чи та, æндæр горæтмæ ацыдис
цæрынмæ», - зæгъы Къудухашвили Важа. Уый нын дзуры хъæуы хабары.
Кæрты мидæг кæнæ кæртæй æддæмæ рахизгæйæ, йæ фæстæ дыууæ куыдзы
разил-базил кæны.Нырма нын йæ фыдæлты хæдзары пырхæнтæ фенын кодта, стæй та Цæгат Ирыстонмæ ацæугæ йе ‘рвады цæрæнуаты, уымæй дæлдæр та, иннæ ‘рвады артдзæсты.
«Ам æрмæстдæр иунæг бинонтæ цард Биганишвилитæй, иннæтæ иуылдæр Къудухашвилитæ стæм. Мæ бинойнаг Квемо Чъалайы скъолæйы ахуыргæнæгæй кусы.
Дæрддзæг æртæ километры онг у. Æрмæстдæр уæд баззайын», - зæгъы хъæуы фысым.
Иу хатт та, асинæй рахаудта. Цалынмæ йæ бинойнаг æрбацыдис хæдзармæ, уæдмæ уадзыгæй хуыссыдис, уыцы ихуазалы.
Йæ хæдзар дыууæ уæладзыгон у, хæрзæфснайд.
«Рагæй нæм нал уыдис уазæг. Фæстаг хатт ма нæм уазæгуаты ОБСЕ-ы адæм уыдысты. Тынг сæ зæрдæмæ цыдис ардæм цæуын, сæхæдæг иу уайтагъд сихорæн фынг авæрдтой дыккаг уæладзыгыл», - загъта нын Заалишвили Марина.
Балконмæ ахизæм æмæ уырдыгæй Лехурайы коммæ кæсæм. Йæ акомкоммæ иннæ фарс та Сакъоринтело зыны, дæлейæ – Квемо Чъала. Цæгаты фарсæрдыгæй та, Монастъеры хъæу ис. Уый дэ-факто Хуссар Ирыстоны хицауады дæлбариуæг ис.
«Махæй 500 метры дæрдзæфмæ ис дихгæнæг хахх. Тæрсгæ ницæмæй кæнæм. Нæдæр нын уыдон исты разиан кæндзысты æмæ сын нæдæр мах исты разиан кæндзыстæм. Цалынмæ фæндæгтæ гом уыдысты, Монастеры цæрджытæ иуылдæр ауылты цыдысты. Базармæ дæр цыдысты», - ныхас йæхимæ айста йæ бинойнаг.

Ацы
дыууæ адæймаг куы нæ уой…
«Кувæм Хуыцаумæ, цæмæй Маринæ æмæ Важа бирæ фæцæрой. Адоныл исты
куы рцæуа, цы кæндзæнис ацы хъæу? Æппындæр дзы ницыуал
баззайдзæнис. Æз сæрды рæстæджы æрцæуын мæ хъæбултимæ æмæ хъæбулы
хъæбултимæ ардæм. Иннæ мæйты сабат æмæ хуыцаубоны уæддæр цæуын
байдайын», - зæгъы Къудухашвили Цицино. Уый Къудухашвили Важайы
æрвад у.Августы хæсты рæстæджы ам хъæуы уыдис. Хæст куы райдыдта, нæ рацыдис Тбилисмæ. Важа æмæ Маринæимæ иумæ хъæуы баззадис.
«Тбилисæй мæм тилифонæй дзырдтой, рацæут дам, фæлæ кæдæм хъуамæ ацыдаин? Мæ хъæбулы уæлмæрд ам ис. Куыд æй хъуамæ ныууагътаин?» - загъта нын Къудухашвили Цицино.

Къудухашвили Цицино Тбилисы цæры, уый хъæумæ сабат æмæ хуыцаубоны фæцæуы. Сæрды рæстæджы та, йæ хъæбултимæ æмæ хъæбулы хъæбултимæ ныццæуы.

Фæндаг æмæ дон
Къудухты сыхмæ фæндаг къæвдайы æмæ миты рæстæджы зындзæуæн у. Рухс
æмæ газ ацы дыууæ хæдзармæ бауагътой. Раст у, алкæмæй æввахсдæр
Сакъоринтеломæ сты, фæлæ, æвзæр боныгъæды, Горакъайы фæндагæй, сæ
ноджы дæрдзæфмæ дæр хъæуы цæуын.«Ам дон æмæ фæндаг куы уаид, уæд уыдон дæр æрцæуиккой, ардыгæй чидæриддæр ацыд æмæ цæриккой ам. Сæрæй кæд æмæ уыдзыстæм 10 адæймаджы, фæстæдæр бауыдзыстæм 20 æмæ 30, æмæ хъæу дæр нæ банымæг уыдзæн», зæгъы Марина – «иууыл хъуыды кæнын ауыл, уæд та мæ мойыл исты рцыд, уæд цы хъуамæ кæнон? Ацы хæдзарæн дæр йæ уæлхæдзар æркæлдзæн, куыд иннæ хæдзæрттæн, мæ хъæбултæ мæ акæндзысты ардыгæй æмæ мæн та ардыгæй ацæуын нæ фæнды. Уый тыххæй, курын Важайæ, цæмæй мæнæй раздæр ма ацæуа ацы бæстæй»
ამავე კატეგორიაში

"Æз мæхæдæг Алцъхъаройаг дæн. Мæ фыд æмæ мæ фыдыфыд уырдыгæй

Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы
хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.

Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат
æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.

Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ

12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
ვიდეორეპორტაჟი
რკინიგზის დეპარტამენტი ფაქტს დაკვამლიანებას უწოდებს.
ოთხი წელია, რაც სოფელში ჩამოვედი. დედაჩემი იყო ავად, უკვე 92 წლის
ასაკს იყო მიღწეული.
"ორმა ოჯახმა შევინახეთ ეს სოფელი… კვამლი რომ ამოდის ოჯახიდან,
მიხარია,
გასული თვის პოპულარული სიახლეები
საინფორმაციო პორტალი მხარდაჭერილია ევროკავშირის (EU) და კონრად ადენაუერის ფონდის (KAS) მიერ, პროექტის "იმოქმედე საქართველოსთვის" ფარგლებში. საინფორმაციო მასალების შინაარსზე სრულად პასუხისმგებელია Qartli.ge და შესაძლოა, რომ იგი არ გამოხატავდეს დონორების შეხედულებებს.

მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.


ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.
სტატიის გამოყენების პირობები