რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
«« მარტი 2026 »»
232425262728 1
2 3 4 5 6 7 8
9 10 11 12 13 14 15
16 17 18 19 20 21 22
23 24 25 26 27 28 29
30 31 12345
Ног хабæрттæ
68-аздзыд педагогæн рæстæгон ивд æргъдзинад бæстæйы æддагон курсыл
68-аздзыд Вазагашвили Натела НАТО-йы æмæ Евроцæдисы центры офисмæ семинарыл хайад райсыны тыххæй Меджрисхеуы хъæуæй ныццыдис. Уый ацы хъæуы астæуккаг скъолæйы 44 азы географийы ахуыргæнæгæй кусы. Хъуыды кæны, цæмæй педагогы зонынады æдзухон рæзт æнæмæнгхъуыддаг у æмæ растдæр ацы нысанæй æндæр æмæ æндæр темæйыл арæзт фембæлдтыл активонæй хайад исы.

«Куы йæ фехъуыстон, æмæ Евроцæдисы æмæ НАТО-йы темæтыл уагъд цæуы фембæлд, тынг æхсызгонæй равдыстон мæ фæндондзинад семинарыл хайад райсыны фæдыл. Дыууæ боны дæргъы æгæрон информаци райстон æмæ абон ныр дызæрдыг ууыл нал кæнын, цæмæй нæ бæстæ дæр кæй баиу уыдзæнис ацы стыр хæдзаримæ. Семинарыл нæ уыцы бæстæты историимæ дæр базонгæ кодтой, кæцытæ махæй ноджы уæззаудæр ситуацийы уыдысты, фæлæ фæтых сты уыцы цæлхдуртыл æмæ сæ аиуварс кодтой. Уымæ гæсгæ мæ ноджы стырдæр ныфс бацыд, цæмæй кæй æрыййафдзынæн æз дæр нæ бæстæйы бахызт Евроцæдисы æмæ НАТО-йы скондмæ», – зæгъы Вазагашвили Натела.

Конфликты зонæйы цæрæг ахуыргæнæг зæгъы, цæмæй социалон уавæрты æмæ носталгийы фæрцы, хъæуы зæронд, советон рæстæджы ноджы мысынц æмæ ног фæлтæрæн дырыс информаци раттын ацы къуымæй иттæг ахсджиаг у.

«Семинарыл алы рацæуæгмæ дæр лæмбынæгæй байхъуыстон, алцыдæр ныффыстон лыстæггай, цæуылдæриддæр ныхас кодтой уыдон. Иу стыр едзаг фыст тетрадимæ фæстæмæ здæхын хъæумæ æмæ ныридæгæн план кæнын, скъоладзаутæн æмæ коллегæтæн куыд хуыздæр бамбарын кæндзынæн райсгæ зонынады. Нæ мæ фæнды, цæмæй хъæуы хистæр фæлтæры ныхмæ рацæуон, куыд коммунистон режимыл хъомыл гоймаг, фæлæ бæрæг сты йе ппæрццæг (негативон) фæстиуæгтæ дæр. Бæстæйы сабырады æмæ æдасдзинады гаранти фидæны фæлтæры къухы ис. Фæнды мæ, æвзонг фæсивæды хсæн раст хъуыдыдзинады байтауыны сæрмагонд хай бахæссын», – загъта нын уый.

Меджрисхеуы хъæуæй ма йемæ иумæ уыдис ацы семинарыл ноджы иу педагог. Вазагашвили Натела Меджрисхеуы астæуккаг скъолæйы педагогтимæ æмæ ахуырдзаутимæ фембæлын растдæр ацы ахуыргæнæгимæ иумæ план кæны. Информацийæ йедзаг тетрад, специалонæй скъолæйы тыххæй скодта, кæцы куыд йæхæдæг зæгъы, æндæр æмæ æндæр конкурсты хайад исыны рæстæджы, ахуырдзаутæн дæр бабæздзæн.

«Мæ ахуырдзаутæ конкурсты арæх хайад исынц, хæрзæрæджы уагъд конкурсы мæ ахуырдзауы эсэ фæуæлахиз. Уый мæнæн ноджы стырдæр стимул дæттæг у. Цырандæриддæр педагогтæн исты уагъд цæуы, алыран дæр мæ фæнды хайад райсон æмæ активон хайадисæг уон, уый дæр ахуырдзауты пайдайæн», – зæгъы ахуыргæнæг дихгæнæг хаххы цур хъæуæй.





Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
Карелы муниципалитеты Земо (Уæллаг) Лететы хъæумæ фистæгæй
Карелы муниципалитеты Земо (Уæллаг) Лететы хъæумæ фистæгæй
10:34 / 30.10.2025
Хъæуы сæрмæ, цыран кæддæр суадон хъæлæбагæнгæ цыдис, уым нырдæр
ногæй
Хъæуы сæрмæ, цыран кæддæр суадон хъæлæбагæнгæ цыдис, уым нырдæр ногæй
00:29 / 03.10.2025
«Фыццаг бынат, цыранмæ уырыссаг æфсад æрбацыд, Хъалаты сых уыдис.
«Фыццаг бынат, цыранмæ уырыссаг æфсад æрбацыд, Хъалаты сых уыдис.
00:22 / 22.08.2025
,,Дыууæ архы цæуы, дыууæ иумæ
,,Дыууæ архы цæуы, дыууæ иумæ "æртахгай" нæдæр фылдæр кæны,
23:25 / 07.08.2025
Ай у Карелы районы хъæу Окросопели (Зæринхъæу)
Ай у Карелы районы хъæу Окросопели (Зæринхъæу)
14:35 / 11.07.2025
ვიდეორეპორტაჟი

ხაშურის მუნიციპალიტეტში, ტყიან ფერდობებს შორის შეყუჟულ სოფელ ლაშხევში

"ჩვენი მერი ამოვიდა ამას წინათ და გაოცებულმა იკითხა: აქ როგორ ცხოვრობთო? სასწრაფო ამოდისო?"

თემურ ლომიძე გვთავაზობს, ათასში ერთხელ ასული სტუმრებივით, ერთად ავიდეთ
რკინიგზის დეპარტამენტი ფაქტს დაკვამლიანებას უწოდებს.


საინფორმაციო პორტალი მხარდაჭერილია ევროკავშირის (EU) და კონრად ადენაუერის ფონდის (KAS) მიერ, პროექტის "იმოქმედე საქართველოსთვის" ფარგლებში. საინფორმაციო მასალების შინაარსზე სრულად პასუხისმგებელია Qartli.ge და შესაძლოა, რომ იგი არ გამოხატავდეს დონორების შეხედულებებს.

მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.