რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
«« მაისი 2025 »»
282930 1 2 3 4
5 6 7 8 9 10 11
12 13 14 15 16 17 18
19 20 21 22 23 24 25
26 27 28 29 30 31 1
Ног хабæрттæ
Нигозайы хъæуы акцийы уæнгтæн «Ритуалты бæстыхай» ныууадзын кодтой
13-æм декабры, изæры, змæлд «Тых иудзинады ис»-ы уæнгтæ Къаспы муниципалитеты Нигозайы хъæуы уæвæг бæстыхай ныууагътой. Ацы змæлды лидер Кацарава Давит Къаспы мэры аххосджын кæны æмæ зæгъы, цæмæй хицауады бæрнон кусæг сын æнæаххосагæй ныууадзын кодта бæстыхай. Уый ныхасмæ гæсгæ, объект æнæфункцийæ у æмæ æнæархайд культурæйы хæдзары ‘вдисы.

Къаспы мэр Мерабишвили Манучар Шида Картлийы информацион центрæн фехъусын кодта, цæмæй цæрджыты курдиатмæ гæсгæйы бындурыл, акцийы уæнгтæн æнархайд култæрæйы хæдзары нæ, фæлæ ритуалты хæдзары ныууадзын æмæ æндæр ранмæ ацæуын бауынаффæ кодта.

Фæрсты хсæн инцидент æмбисбоны райдыдта. Къаспы мэры, Мерабишвили Манучары ныхасмæ гæсгæ, уыцы рæстæджы хъæутыл зылд æххæст кодта.

«Нигозайы хъæу, кæцы у чысыл хъæу, федон, цæмæй хиуынаффæйады балансыл уæвæг бæстыхай ахст у ацы змæлды уæнгтæн. Куыд сбæрæг кодтон уымæ гæсгæ, мæн цалынмæ мэрæй сæвзæрстой уæдмæ уыдис ацы хъуыддаг. Акцийы уæнгтæн загътон, цæмæй бæстыхай кæй хъæуы бынæттон цæрджытæн сæхи, у ритуалты хæдзар æмæ йæ хицауад, растдæр, амы цæрджытæн сарæзта. Ацы фембæлдыл уыдысты бынæттон цæрджытæ дæр. Уыдон дæр загътой, цæмæй чысыл хъæуы æнæзонгæ адæймæгты змæлд сабиты тæрсын кæны. Ай уыд, æрмæст, уынаффæ, ныхас кодтам сабырæй, кæцыйыл уыдон дæр уæлдай ницыуал загътой. Загътой мын, цæмæй цæрджыты куырдиат сæххæст кæндзысты æмæ æндæр ранмæ кæй ацæудзысты. Ныртæккæ цы дзурынц, нæ зонын», – зæгъы Мерабишвили Манучар.

Акцийы æвварсхæцæг Берулава Лаша зæгъы, цæмæй Къаспы муниципалитеты мэр тагъд æгъдауæй æркуырдта хатæны сафтид кæнын, кæцыйы тыххæй уый ныхасгонд уыдис уыдонимæ цæмæй зымæг арвыстаид уым.

«Дуармæ нын рахæссын кодтой нæ мигæнæнты, видеотехникæйы æмæ иннæ дзаумæтты иуылдæр. Нæ дæр нын уый бар раттой, нæ хæлæртты æлхæд контейнеры искуы æрывæрын мидхъуыддæгты министрады рдыгæй, уыцы нысанæй, æмæ стационарон пост уырыссаг оккупантты смæсты кодтаид.
Мах хъуыды кæнæм, цæмæй ацы нысанæрдæмадон архайдтытæ ацы бынатæй мах арвитыны тыххæй сты, нæ миссийы ныппырхкæныны рдæм сты арæзт, фæлæ уый не рцæудзæнис. Мах экстремалон уавæрты адарддæр кæндзыстæм нæ миссийы, æмбæстагон змæлды тыххæй закъонæй уагъд алы активы фæлгæтты», – зæгъы Берулава Лаша.

Змæлд «Тых иудзинады ис»-ы акци 2017 азы 24-æм июлæй райдыдта. Акцийы организаторты нысан у дихгæнæг хаххы цур цæугæ процестæм «лайв-режимы» сæ цæст дарой æмæ а.х. змæлгæ оккупацийы тыххæй информаци цæрджытæн æвæстиатæй бадæттой .

Нигозайы хъæу автобанмæ ввахс у. Ам сæйрагæйдæр цæрынц этникон ирæттæ.

Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
"Æз мæхæдæг Алцъхъаройаг дæн. Мæ фыд æмæ мæ фыдыфыд уырдыгæй
00:57 / 10.02.2025
Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы
хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.
Елбакидзе Зураб уыдонæй сæ иу у, кæцы зæгъæн ис, æрвылбон Халебийы хъæуæй Хашурмæ фистæгæй фæцæуы.
18:46 / 28.12.2024
Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат
æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.
Уый зæгъæн ис æмæ нæ зыны нæдæр Цъаблованы хъæуæй æмæ а.д. Цæрæнуат æртæрдыгæй хæхтæй арæнгонд у.
18:30 / 29.11.2024
Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ
Дзамайы комы Тхъемлованы хъæуы 2014 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ
00:35 / 23.11.2024
12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
12-аздзыд Гелашвили Гурам нын йæ хъæуы тыххæй дзуры, цыран
22:31 / 22.11.2024
ვიდეორეპორტაჟი
რკინიგზის დეპარტამენტი ფაქტს დაკვამლიანებას უწოდებს.
ოთხი წელია, რაც სოფელში ჩამოვედი. დედაჩემი იყო ავად, უკვე 92 წლის ასაკს იყო მიღწეული.
"სოფელში არაფერია. აქ არავინ არის. მხოლოდ ერთი ბიჭი, მაგისი დედა და მე ვართ.
"ორმა ოჯახმა შევინახეთ ეს სოფელი… კვამლი რომ ამოდის ოჯახიდან, მიხარია,


საინფორმაციო პორტალი მხარდაჭერილია ევროკავშირის (EU) და კონრად ადენაუერის ფონდის (KAS) მიერ, პროექტის "იმოქმედე საქართველოსთვის" ფარგლებში. საინფორმაციო მასალების შინაარსზე სრულად პასუხისმგებელია Qartli.ge და შესაძლოა, რომ იგი არ გამოხატავდეს დონორების შეხედულებებს.

მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.