რედაქტორის რჩევით
კალენდარი
«« მარტი 2026 »»
232425262728 1
2 3 4 5 6 7 8
9 10 11 12 13 14 15
16 17 18 19 20 21 22
23 24 25 26 27 28 29
30 31 12345
Ног хабæрттæ
Меценат, кæцы лигъдæттæн цывзы рарвыста, Уæрæсейы æмбæстаг у
Къаралеты лигъдæтты цæрæнуаты байуаргæ цывзыйы хицау у, Уæрæсейы æмбæстаг Робанишвили Давит. Ай тыххæй æрмæг Шида Картлийы информацион центр райста. Робанишвили организаци «Ног дыргъдоны» директор у, кæцы 20 га-ыл садзæнты хæдзарад Чысыл Гареджвары хъæуы (Къаралеты темы) сарæзта.

«Ног дыргъдоны» нырыккон хицæуттæ сты Робанишвили Давит æмæ Тариел (фыд æмæ фырт, дыууæ дæр Уæрæсейы æмбæстонтæ) æмæ Парехелашвили Йосеб (20%).

Къаралеты лигъдæтты цæрæнуаты минæвар Майсурадзе Къаха зæгъы, цæмæй цывзы лигъдæттæн, растдæр, садзæнты хæдзарад байуæрста. Уый ныхасмæ гæсгæ, уæзласæн машинæйы, «Ног дыргъдонæй» рарвитгæ продукты уый хæдзары равдæлон кодтой, цыранæй дихгонд æрцыд лигъдæттæн.

«Мæ хæдзарæй уæрст кæй æрцыд ацы цывзы, раст, æй уый тыххæй банымадтой ацы факты Куртайы муниципалитетыл, æндæра, ацы цывзы хицауад нæ байуæрста, уый байуæрста хæдзарад», – зæгъы Майсурадзе.

Цывзыйы байуарыны садзæнты хæдзарады ролыл категорионæй нæ сæтты ацы хæдзарады юрист Баиндурашвили Сосо. Уый ныхасмæ гæсгæйæ, цывзы садзæнты хæдзарады территорийыл не рзайын кодтой, фæлæ, йæ организацийы бындурæвæрджытæй сæ иу йæхи сæрмагонд зæххы хайыл æрзайын кодта ацы цывзы, кæцы ис хæдзарады фарсмæ.

«Робинашвили Давиты нæ фæнды ацы хæрзаудæндзинады тыххæй йæхи æргомæй равдисын. Уый у нæ организацийы бындурæвæрджытæй сæ иу, кæцы йæхи сæрмагонд тыллæг байуæрста лигъдæттæн. Цывзы йæхи сæрмагонд зæххы хайыл æрзайын кодта», – зæгъы Баиндурашвили Сосо.

Организаци «Цъæх дыргъдонмæ» та, цы хауы, уый 2013 азы июлы мæйы сырæзт æмæ уыцы азы финансгонд æрцыд, паддзахадырдыгæй. Чысыл Гареджвары уæды рæстæджы премьер-министр Гъарибашвили Иракли дæр уыдис уым æмæ сын масштабон проекты сæххæст кæныны тыххæй арфæ дæр ракодта.

Робинашвили Давит 2013 азы «Цъæх дыргъдоны» 50%-он хицау уыд афæдзы мидæг, иннæ 20%-ы та – Парехелашвили Йосебы уыд, фæлæ 30%-ы та, Акопашвили Годердзийы уыд. Организацийы хæйтты фæстаг ивынад 2017 азы январы мæйы æрцыд. Ацы ивынадмæ гæсгæ, 80%-ы фыд æмæ фыртмæ (дыууæ дæр Уæрæсейы æмбæстонтæ – Робанишвили Давит æмæ Тариел) хауы, фæлæ иннæ 20%-ы та, Парехелашвили Йосебмæ хауы, бынæттон цæрæгмæ. Робанишвили Давиты сæрмагонд зæххы хаймæ та цы хауы, уымæн æцæгæйдæр ис 5 га-йæ чысыл фылдæр зæххы хай Къаралеты темы, кæцыйы 2017 азы 8-æм декабры, цывзыйы байуæрстæй 3 боны раздæр балхæдта.

Цывзы лигъдæттæ 2017 азы 11-æм декабры райстой. Уыдон 2008 азы августы хæсты фæстæ сæрмагонд цæрæн хæдзæртты ныууагътой.
Бынæй фотоколлажы æркæсут садзæнты хæдзарады рдыгæй æркæнгæ продуктты æвдисæг фотонывтæм.




Print E-mail
FaceBook Twitter

სტატიის გამოყენების პირობები

ამავე კატეგორიაში
Карелы муниципалитеты Земо (Уæллаг) Лететы хъæумæ фистæгæй
Карелы муниципалитеты Земо (Уæллаг) Лететы хъæумæ фистæгæй
10:34 / 30.10.2025
Хъæуы сæрмæ, цыран кæддæр суадон хъæлæбагæнгæ цыдис, уым нырдæр
ногæй
Хъæуы сæрмæ, цыран кæддæр суадон хъæлæбагæнгæ цыдис, уым нырдæр ногæй
00:29 / 03.10.2025
«Фыццаг бынат, цыранмæ уырыссаг æфсад æрбацыд, Хъалаты сых уыдис.
«Фыццаг бынат, цыранмæ уырыссаг æфсад æрбацыд, Хъалаты сых уыдис.
00:22 / 22.08.2025
,,Дыууæ архы цæуы, дыууæ иумæ
,,Дыууæ архы цæуы, дыууæ иумæ "æртахгай" нæдæр фылдæр кæны,
23:25 / 07.08.2025
Ай у Карелы районы хъæу Окросопели (Зæринхъæу)
Ай у Карелы районы хъæу Окросопели (Зæринхъæу)
14:35 / 11.07.2025
ვიდეორეპორტაჟი

ხაშურის მუნიციპალიტეტში, ტყიან ფერდობებს შორის შეყუჟულ სოფელ ლაშხევში

"ჩვენი მერი ამოვიდა ამას წინათ და გაოცებულმა იკითხა: აქ როგორ ცხოვრობთო? სასწრაფო ამოდისო?"

თემურ ლომიძე გვთავაზობს, ათასში ერთხელ ასული სტუმრებივით, ერთად ავიდეთ
რკინიგზის დეპარტამენტი ფაქტს დაკვამლიანებას უწოდებს.


საინფორმაციო პორტალი მხარდაჭერილია ევროკავშირის (EU) და კონრად ადენაუერის ფონდის (KAS) მიერ, პროექტის "იმოქმედე საქართველოსთვის" ფარგლებში. საინფორმაციო მასალების შინაარსზე სრულად პასუხისმგებელია Qartli.ge და შესაძლოა, რომ იგი არ გამოხატავდეს დონორების შეხედულებებს.

მოცემული ვებ გვერდი „ჯუმლას" ძრავზე შექმნილი უნივერსალური კონტენტის მენეჯმენტის სისტემის (CMS) ნაწილია. ის USAID-ის მიერ დაფინანსებული პროგრამის "მედია გამჭვირვალე და ანგარიშვალდებული მმართველობისთვის" (M-TAG) მეშვეობით შეიქმნა, რომელსაც „კვლევისა და გაცვლების საერთაშორისო საბჭო" (IREX) ახორციელებს. ამ ვებ საიტზე გამოქვეყნებული კონტენტი მთლიანად ავტორების პასუხისმგებლობაა და ის არ გამოხატავს USAID-ისა და IREX-ის პოზიციას.
This web page is part of Joomla based universal CMS system, which was developed through the USAID funded Media for Transparent and Accountable Governance (MTAG) program, implemented by IREX. The content provided through this web-site is the sole responsibility of the authors and does not reflect the position of USAID or IREX.

ავტორის/ავტორების მიერ საინფორმაციო მასალაში გამოთქმული მოსაზრება შესაძლოა არ გამოხატავდეს "საქართველოს ღია საზოგადოების ფონდის" პოზიციას. შესაბამისად, ფონდი არ არის პასუხისმგებელი მასალის შინაარსზე.